Знауыры районон центр сифтонг кодтой уынджы рухслӕвӕрдӕй

© Из личного архива Михаила ХасиеваЗнауыры районон центр сифтонг кодтой уынджы рухслӕвӕрдӕй
Знауыры районон центр сифтонг кодтой уынджы рухслӕвӕрдӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.03.2021
Рафыссын
Районы цӕрӕн-коммуналон хӕдзарад уал ныридæгæн ног рухсытæ сæвæрдта поселочы цыппар централон уынгыл

ЦХИНВАЛ, 4 мар – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы центры сӕйраг уынгтыл ивд цӕуынц рухсытӕ. Ног плафонтӕ фӕзынд Хетӕгкаты Къостайы, Цхуырбаты Иваны, Сталины ӕмӕ Ленины уынгтыл, фехъусын кодтой Sputnik районы администрацийы пресс-службӕйы.

Нырмӕ уал централон уынгтӕ срухс кодтой 42 плафоны, куыст дарддӕр цӕуы.

"Уымӕй дарддӕр ма ныридӕгӕн куыст цӕуы Цхинвал-Знауыры трассӕйыл Аунеуӕй Бехъмары онг хайы дӕр. Ног рухсы ифтонгад къаддӕр кӕны электроэнергийы хӕрдзтӕ ӕмӕ у гъӕдджын", - загътой уым.

Куыстытӕ ӕххӕст кӕнынц Знауыры районы цӕрӕн-коммуналон хӕдзарад.

Ног хабӕртты лентӕ
0