ЦХИНВАЛ, 10 мар — Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин сратификаци кодта Хуссар Ирыстонимӕ бадзырд МХМ ӕмӕ Хъахъхъӕнынады министрады раздӕры кусджыты сахъатдзинады документты дыууӕварсон банымады фӕдыл.
Бадзырд здӕхт у дыууӕ бӕстӕйы ӕмбӕстӕгты, кӕцытӕ райстой сахъатдзинад цӕфты, контузи ӕмӕ ӕфсӕддон службӕ хӕссыны рӕстӕджы ӕндӕр ӕвирхъау хабӕртты фӕстиуӕгӕн, социалон хъахъхъӕнынады къабазы ӕмгуыстад райтынг кӕнынмӕ.
Документы, кӕцы мыхуыр ӕрцыд барадон информацийы официалон интернет-порталы, дзырд цӕуы, зӕгъгӕ, бадзырды реализацийыл кусдзысты Уӕрӕсейы Фӕллойады, Хъахъхъӕнынады ӕмӕ Мидхъуыддӕгты министрӕдтӕ, хуссарирыстойнаг фарсӕрдыгӕй та - Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады, Хъахъхъӕнынады ӕмӕ Мидхъуыддӕгты министрӕдтӕ.