Хуссар Иры парламенты ӕрдзырдтой ВИЧ-инфекцийы апарахаты рагфӕдзӕхсты фӕдыл законыл

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ парламент
РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.03.2021
Рафыссын
Закон бӕрӕг кӕны ВИЧ-инфекцийы апарахаты рагфӕдзӕхсты фӕдыл паддзахадон политикӕйы барадон бындуртӕ

ЦХИНВАЛ, 17 мар – Sputnik, Козаты Диана. Социалон политикӕ ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фӕдыл парламентон комитеты рабадтыл ӕрдзырдтой ВИЧ-инфекцийы апарахаты рагфӕдзӕхсты фӕдыл законыл.

Исӕн хайад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.03.2021
Хуссар Иры РБМЦ исӕн хайады медиктӕ курынц сӕ мызд фӕфылдӕр кӕнын

Закондӕттӕг органы пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй законы проект бӕрӕг кӕны ВИЧ-инфекцийы апарахаты рагфӕдзӕхсты фӕдыл паддзахадон политикӕйы барадон бындуртӕ Хуссар Ирыстоны.

Комитеты сӕрдар Плиты Александры ныхӕстӕм гӕсгӕ, законы проект сарӕзта ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры х.ӕ. Тотчиты Георгий.

Йӕ хъуыды загъта Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг Коцты Марина дӕр. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы законы проект у тынг ахсджиаг.

"Закон райсыны фӕстӕ уыдзысты организацион мадзӕлттӕ номартивон документтӕ бацӕттӕ кӕнынӕн, цӕмӕй фӕхуыздӕр кӕной нормативон-методикон базӕ ӕмӕ йӕ практикӕйыл среализаци кӕной", - загъта Коцты Марина.

Уый банхъардта баххӕстгӕнинаг, кӕцымӕ гӕсгӕ паддзахадон хъусдард ВИЧ-инфекцийы апарахаты рагфӕдзӕхсты фӕдыл ӕххӕст кӕндзӕн йӕ уагдон. Тотчиты Георгий хорзыл банымадта ацы баххӕстгӕнинаг.

Законы проект барвитдзысты парламенты контролон-барадон хайадмӕ, цӕмӕй йын хатдзӕг скӕной, уый фӕстӕ законыл ӕрныхас кӕндзысты парламенты рабадтытыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0