https://sputnik-ossetia.com/20210319/Azy-midg-ftiag-ds-khatty-ffldry-tykhkhy-Yugosetnefteprodukt-radta-khygd-11968117.html
"Югосетнефтепродукт" фехъусын кодта азы мидæг æфтиаджы дæс хатты фæфылдæры тыххæй
"Югосетнефтепродукт" фехъусын кодта азы мидæг æфтиаджы дæс хатты фæфылдæры тыххæй
Sputnik Хуссар Ирыстон
Паддзахадон унитарон куыстуат "Югосетнефтепродукт" радта хыгъд 2020 азы куыстæн. Уадон фæстаг æзты фыццаг хатт равдыста ахæм бæрзонд бæрæггæнæнтæ, пандемиимæ... 19.03.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-03-19T14:14+0300
2021-03-19T14:14+0300
2021-03-19T15:49+0300
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/i/logo/logo-social.png
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
"Югосетнефтепродукт" фехъусын кодта азы мидæг æфтиаджы дæс хатты фæфылдæры тыххæй
14:14 19.03.2021 (Ранӕуӕггонд: 15:49 19.03.2021) Паддзахадон унитарон куыстуат "Югосетнефтепродукт" радта хыгъд 2020 азы куыстæн. Уадон фæстаг æзты фыццаг хатт равдыста ахæм бæрзонд бæрæггæнæнтæ, пандемиимæ баст вазыгджын уавæртæм æнæкæсгæйæ, банысан кодтой хицауады
ЦХИНВАЛ, 19 мар - Sputnik. "Югосетнефтепродукт" ацы аз йæ æфтиаг фæфылдæр кодта дæс хатты 2019 азмæ абаргæйæ, хъусын кæны хицауады пресс-службæ.
Экономикон райрæзты министрады бавдисгæ бæрæггæнæтæм гæсгæ, 2019 азы амалиуæгады æфтиаг уыд 2 милуан 113 мин сомы, 2020 азы та - 20 милуан 561 мин сомы.
"Югосетнефтепродукт" фæстаг æзты фыццаг хатт равдыста ахæм бæрзонд бæрæггæнæнтæ, пандемиимæ баст вазыгджын уавæртæм æнæкæсгæйæ. 2019 азмæ абаргæйæ æфтиаг фæфылдæр ис 18 милуан 448 мин сомы. Фиддонтæ бафыстæуыд фондз милуан 769 мин фылдæр. Ацы азы дæр амалиуæгад фæнд кæны равдисын æвæрццаг финансон хатдзæг", - хъусын кæны пресс-службæ вице-премьер – экономикон райрæзты министр Тадтаты Дзамболаты ныхæстæ.
Уый ма бафтыдта, æфтиагджын уæвынад кæй у Паддзахадон унитарон куыстуаты эффективондзинады сæйраг бæрæггæнæнтæй иу, уагдон дарддæр дæр архайдзæн куыст оптимизаци кæныныл.