Ӕхсӕдынц бӕлӕстӕ, садзынц дидинтӕ: Цхинвал ис уалдзыгон куыстыты тӕмӕны

© Sputnik / Руслан ТадтаевЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.04.2021
Рафыссын
Цхинвалы мэрияйы куыд банысан кодтой, афтæмæй бæлæстæ алы уалдзæг дæр домынц зилын. Чи сæ зæронд кæны æмæ йæ калын хъæуы, кæй та - æхсæдын

ЦХИНВАЛ, 1 апр – Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны сӕйраг сахары хæрзарæзтады комбинаты кусджытæ бавнӕлдтой бӕлӕстӕ ӕхсӕдынмӕ. Уыдон куыд банысан кодтой, афтӕмӕй бæлæстæ алы уалдзæг дæр домынц зилын. Чи сæ зæронд кæны æмæ йæ калын хъæуы, кæй та - æхсæдын.

"Ныртæккæ у бæлæсты хус къалиутæ æхсæдынæн тынг хорз рæстæг. Уыдон уалдзæджы суадздзысты ног таутæ æмæ иуæй йæ къалиутæ бирæ февзонгдæр уыдзысты, иннæмæй та фæрæсугъддæр уыдзæн æмткæй бæлас", - зæгъынц кусджытæ.

Бæлæсты хус цæнгтæ ралыг кодтой Сталины уынгыл æмæ Ногдзауты парчы. Уый фæстæ та цадæггай ахиздзысты æндæр уынгтæм дæр. Æхсæст куы фæуой, уæд бæлæсты бынтæ ныххафдзысты, ссыгъдæг сæ кæндзысты, зымæджы ам сæхицæн ахстæттæ чи сарæзта, уыцы уырынгонтæй. Стæй сæ байсæрддзысты чъырæй æмæ бæлæстæ уалдзæджы сыфтæр куы ракалой, уæд сæ рæсугъддзинад æмæ сыгъдæг уæлдæфæй æхцондзинад хæсдзысты.

 Цхинвалы центры ракалдтой сусхъæдтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.03.2021
"Цъæх" æви æдас горæт: Цхинвалы центры ракалдтой сусхъæдтæ

"Цæрджытæй чидæртæ фæуайдзæф кæнынц, ома, æгæр тынг цæмæн æхсæдут бæлæсты, мах сын алы аз дæр бамбарын кæнæм, афтæ кæй æмбæлы, уый специалистты амынд кæй у. Фæлæ стæй уалдзæджы бæлæстæ куы рафтауынц, уæд та цин фæкæнынц цæрджытæ", - банысан кодта къалиутæ æхсæдæг.

Горæты администрацийы хæрзарæзтады комбинаты цы цъæхвæлыстгæнæн хайад ис, уыдон та ацы бонты æрæвналдзысты фæндæгты газонтыл дидинджытæ садзынмæ.

"Канд централон уынгтыл нæ, фæлæ фæсфæд цы сквертæ сырæзт, уым дæр сагъд æрцæудзæнис алыгъуызон дидинджытæ. Цалынмæ ноябры мæйы зымæджы уазал бонтæ не ‘рбалæууынц, уæдмæ дидин фæдарынц уынгтæ", - радзырдтой Цхинвалы мэрияйы пресс-службæйы.

Горæты администрацийы хæрзарæзтады хайады ма куыд загътой, афтæмæй бынаты хъомыл цы дидинджытæ æрцæуынц, уыдон хуыздæр адаптаци кæнынц æмæ тагъддæр схæцынц. Фæлæ уыдон фаг кæй нæ вæййынц, уымæ гæсгæ горæт сфæлындзынӕн дидинджыты алы хуызтæ æлхæд æрцæуы Цæгат Ирыстон, Кæсаг Балхъар æмæ æндæр сыхаг республикæтæй цалдæрыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0