Тедеты Лери хатдзӕгтӕ скодта къахдзоныгъты сезонӕн ӕмӕ радзырдта фидӕны нывӕзтыты тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянТедеты Лери
Тедеты Лери - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.04.2021
Рафыссын
Хӕххон къахдзоныгъты ӕмӕ сноуборды федерацийы президенты ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы аз хӕххон курорт Цъӕймӕ балцытӕ уыд къаддӕр ивгъуыд азмӕ абаргӕйӕ

ЦХИНВАЛ, 5 апр. – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны хӕххон къахдзоныгъты ӕмӕ сноуборды федерацийы президент Тедеты Лери хатдзӕгтӕ скодта къахдзоныгъты сезонӕн. Уый радзырдта Sputnik куысты проблемӕтӕ ӕмӕ фидӕн азмӕ нывӕзтыты тыххӕй.

Тедеты Лери ӕрвылаз ӕрӕмбырд кӕны ӕххуысхъуаг бинонты сывӕллӕттӕ, скъола-интернаты ӕмӕ къахдзоныгъты секцийы хъомылгӕнинӕгтӕй къордтӕ, цӕмӕй сорганизаци кӕна балцытӕ хӕххон курорт Цъӕймӕ ӕмӕ сӕ уым ахуыр кӕной.

"Ацы аз нын уыд ӕрмӕстдӕр ӕртӕ балцы. Дыууӕ хатт ацыдыстӕм сӕйраг скондимӕ, ӕртыккаг къордмӕ бацыдысты скъола-интернаты хъомылгӕнинӕгтӕ", - загъта уый.

Федерацийы президенты ныхӕстӕм гӕсгӕ, балцытӕ ӕрурӕдтой ӕрдзон бӕллӕхты тыххӕй – сарӕх ис дурты ӕркалд Транскамыл.

Цъон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.02.2020
Хуссар Иры кæнынц къахдзоныгъты секци

Тедеты Лери банысан кодта, зӕгъгӕ, сын сӕхи транспорт куы уа, уӕд Цъӕймӕ гӕнӕн ис цӕуын къуыри дыууӕ хатт дӕр.

"Иу хатт ма мӕ фӕнды банысан кӕнын, балцыты фадат нын кӕй ис президент Бибылты Анатолийы ӕххуысы руаджы. Афтӕ ма мӕ фӕнды зӕгъын бузныг ахуырады министр Гасситы Наталийӕн ӕмӕ хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагимӕн ӕххуысы тыххӕй. Стыр бузныг ПАИ кусджытӕн дӕр фӕсдзыды тыххӕй", - бафтыдта Тедеты Лери.

Тедеты Лери фидӕн аз нывӕнды хуыздӕр бацӕттӕ кӕнын спортсменты сӕйраг къорды ерысты хайад райсынмӕ.

"Развӕлгъау хъӕудзӕн аскъуыддзаг кӕнын транспортон проблемӕтӕ, цӕмӕй сорганизаци кӕнӕм фылдӕр балцытӕ. Ӕрӕджы уыдтӕн Эльбрусы, ныхас кодтон сӕ командӕимӕ, ӕмӕ семӕ дӕр фадат уыдзӕн ерыс кӕнын. Тырндзыстӕм ӕмбулын ӕмӕ размӕ кӕнын нӕ фыдыбӕстӕ", - загъта федерацийы президент.

Тедеты Лери бафтыдта, зӕгъгӕ фӕсивӕды ерыстӕм хъӕуы профессионалон цӕттӕкӕнынад рацӕуын иу мӕйы дӕргъы.

Ног хабӕртты лентӕ
0