Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад цӕттӕ кӕны рӕвдзытӕ резервисттимӕ

© Пресс-служба Минобороны РЮОХуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад цӕттӕ кӕны ауадзын рӕвдзытӕ резервисттимӕ
Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад цӕттӕ кӕны ауадзын рӕвдзытӕ резервисттимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2021
Рафыссын
Республикӕйы хъахъхъӕнынады министр басгӕрста мадзӕлтты цӕттӕдзинад, уый бабӕрӕг кодта ӕфсӕддон лагерь ӕмӕ полигонон объекттӕ

ЦХИНВАЛ, 7 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты ацӕудзысты рӕвдзытӕ ӕмбӕстӕгтимӕ, кӕцытӕ сты фӕстауӕрцы ӕмӕ фыст сты ӕфсӕддон дӕлхайӕдты ӕфсӕддон рӕстӕджы штаттӕм гӕсгӕ.

Сахъат сылгоймаг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.03.2021
Путин сратификаци кодта бадзырд Хуссар Иримӕ ӕфсӕддонты сахъатдзинад банымайыны фӕдыл

Рӕвдзытӕ ауадзыны размӕ республикӕйы хъахъхъӕнынады министр, инӕлар-лейтенант Гассеты Ибрагим ауагъта ӕфсӕддон лагерь ӕмӕ полигонон объектты инспекци. Афтӕ ма, уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг ӕмӕ структурон дӕлхайӕдты командӕгӕнджытимӕ фембӕлды рӕстӕджы Гассеты Ибрагим радта фӕдзӕхст пайда кӕнын ахуырадон-материалон базӕйӕ резервисттимӕ куысты рӕстӕджы.

"Сӕйраг хъусдард здӕхт у ахуыртӕ уадзыны методикӕмӕ, командӕгӕнджыты курдиатмӕ ӕнтыстджынӕй ӕххӕст кӕнын сӕ хӕслӕвӕрдтӕ ӕфсӕддон дӕлхайӕдты сконды, цӕмӕй сын уа бӕрзонд хӕстон ӕмӕ мобилизацион цӕттӕдзинад", - дзырдӕуы Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕйы хъусинаджы.

Рӕвдзытӕ уагъд цӕуынц "Республикӕ Хуссар Ирыстоны мобилизацион цӕттӕкӕнынад ӕмӕ мобилизацийы фӕдыл" законмӕ гӕсгӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0