ЦХИНВАЛ, 8 апр – Sputnik, Дриаты Лейла. Ленингоры районы Цъинагары хъæуы ног арӕзт амбулатори йӕ куыст срӕвдз кӕндзӕн ӕввахс бонты. Ныртæккæ медицинон уагдонмӕ ласынц ӕнӕмӕнгхъæуæг ифтонггарз.
Хъæубæстæ ацы амбулаторийы бакондмæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Кæд æмæ уæдмæ дæр уыд ам амбулатори, уæддæр рæстæджы цыдимæ уый æдзæллаг уавæрмæ раджы æрхауд.
Цæрджыты куырдиатмæ гæсгæ хицауад амбулатори аразынмæ бавнæлдта ивгъуыд аз, фæлæ арæзтад цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ бакъуылымпы. Ныр æппæт куыстытæ дæр ахицæн сты.
Ам ис аст кабинеты. Хъæуы цæрджытæн медицинон æххуыс кæндзысты педиатр, терапевт, стоматолог æмæ гинеколог. Ныр Цъинагар æмæ уымæ æввахс цы хъæутæ ис, уыдоны цæрджыты нал хъæудзæнис дæрддзæф рæттæм цæуыны сæр.
"Цæрджытæ иууыл тынгдæр тыхстысты, стоматолог сæм кæй нæ уыд, уымӕй. Ныр сæм специалист кæй фæзындзæн æмæ бахъуыды рæстæджы бынаты кæй исдзысты медицинон æххуыс, уый æхсызгондзинад хæссы Ленингоры районы къухдариуæгадæн дæр", - зæгъы Ленингоры районы сæргълæууæг Гулиты Владимир.
Уый ма ныфс бавæрдта, ацы аз кæронмæ кæй бакæндзысты Ленингоры районы Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы куыстытæ æххæст цæуынц, уыдон. Сæрмагонд хъусдард здæхт кæй цæудзæнис Ленингорæн йæхи мидæг æмæ хъæутæм цы фæндæгтæ цæуы, уыдонмæ. Зæгъы, зæгъгæ, лæмбынæг зонгæ у районы проблемæтимæ æмæ архайдзæн уыдон цадæггай скъуыддзаг кæныныл.