Дзæуджыхъæуы ацыд Галаты Борисы тыххæй документалон кинонывы презентаци

© Фонд ГалатиБорис Галати
Борис Галати - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.04.2021
Рафыссын
Киноныв систой Дзæуджыхъæуы, мургай æмбырд цыдысты композиторы къамтæ æмæ æндæр документалон æрмæг

ЦХИНВАЛ, 16 апр – Sputnik. Цæгат Ирыстоны столицæ Дзæуджыхъæуы кинойы хæдзары арæзт æрцыд документалон киноныв "Время Бориса Галаева"-йы презентаци, хъусын кæны ПТРК "Алания" .

Йæ режиссер у Рафаэль Гаспарянц, продюсер та Туаты Теминæ.

"Кинонывы бындуры ис Галаты Борисы вазыгджын цард. Ӕмбæстагон хæсты дуг, 30-æм æзтæ. Ӕз афтæ хъуыды кæнын æмæ ацы лæджы курдиат у дæнцæг. Куыд гæнæн ис дæ хъысмæт ныссæттын, науæд та самайын дæ курдиатмæ гæсгæ дæ цард", - хъусын кæны сайт режиссёр Рафаэль Гаспарянц ныхæстæ.

Галаты Борис у фыццаг ирыстойнаг киномузыкæйы автор, ахæм кинонывтæм, куыд "Советская Осетия", "Искусство, рожденное в горах", зындгонд "Фатимæ".

Ног хабӕртты лентӕ
0