Цхинвалы ссардтой астӕуккаг ӕнусы уӕлмӕрд

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы ссардтой астӕуккаг ӕнусы уӕлмӕрд
Цхинвалы ссардтой астӕуккаг ӕнусы уӕлмӕрд  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.04.2021
Рафыссын
Иу сӕргӕхц, дӕндӕгтӕ ӕмӕ фӕнычы хуызӕг арвитдзысты Уӕрӕсемӕ сахуыр кӕнынмӕ, уӕд бӕстонӕй рабӕрӕг уыдзӕн уӕлмӕрды кар

ЦХИНВАЛ, 20 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕгат-скӕсӕн фарс, Леуахийы былыл арӕзтадон куыстыты рӕстӕджы ссардтой астӕуккаг ӕнусты уӕлмӕрд. Коммуникацитӕ уадзыны рӕстӕджы аразджытӕ систой авд адӕймаджы стӕгдар.

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы ссардтой астӕуккаг ӕнусы уӕлмӕрд
Цхинвалы ссардтой астӕуккаг ӕнусы уӕлмӕрд  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.04.2021
Цхинвалы ссардтой астӕуккаг ӕнусы уӕлмӕрд

Астӕуккаг ӕнусы уӕлмӕрд ссардтой Цхинвалы натуралистты станцӕй 150 дӕрддзӕф, Леуахийы скӕсӕн фарс. Ингӕн ссарыны фӕстӕ куыстмӕ бамбал сты барадхъахъхъӕнӕг органтӕ ӕмӕ зонадон кусджытӕ.

"Уыдтӕн бынаты, иумӕйагӕй сисгӕйӕ дзы ссардтой авд адӕймаджы стӕгдар. Иу дзы уыд дурӕй ингӕн. Цы федтам, уымӕй фидарӕй зӕгъӕн ис, уый кӕй у астӕуккаг ӕнусты (14-15) уӕлмӕрд. Антикон ингӕнтӕ вӕййынц керамикон, науӕд ӕндӕр ӕрмӕгӕй. Ӕхсӕрдӕсӕм ӕнусы та пайда кодтой хъӕдӕрмӕгӕй", - загъта РХИ Зонад-Иртасӕн Институты хистӕр, археолог Гаглойты Роберт.

Уый ма банысан кодта, зӕгъгӕ, республикӕйы антропологтӕ кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ ӕрмӕг иртасынмӕ арвитдзысты Уӕрӕсемӕ.

"Иу сӕргӕхц, дӕндӕгтӕ ӕмӕ фӕнычы хуызӕг арвитдзыстӕм президенты уынаффӕгӕнӕг Дзӕгъиаты Уырызмӕджы ууылты сахуыр кӕнынмӕ. Уӕд бӕстонӕй базондзыстӕм уӕлмӕрды кар", - бафтыдта археолог.

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы ссардтой астӕуккаг ӕнусы уӕлмӕрд
Цхинвалы ссардтой астӕуккаг ӕнусы уӕлмӕрд  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.04.2021
Цхинвалы ссардтой астӕуккаг ӕнусы уӕлмӕрд

Зонадон уагдоны хистӕр ма банысан кодта, уӕлмӕрд кӕм ссардӕуыд, уыцы территорийыл куыстытӕ кӕй не 'рлӕудзысты.

"Уым уыдзӕн ноджы ингӕнтӕ, ӕнӕвнӕлдтӕ дӕр дзы ис цыппары бӕрц. Бар мын ис, куыд зонадон уагдоны разамонӕг ӕмӕ археолог, афтӕ ӕрлӕууын кӕнын куыст, фӕлӕ ныффӕстиад кӕндзыстӕм адӕмы ӕмӕ арӕзтад. Уадз ӕмӕ горӕты уыцы хай райсой газ ӕмӕ дон.  Уымӕ гӕсгӕ аскъуыддзаг кодтам, цӕмӕй цӕуой куыстытӕ, уый фӕстӕ бынат сахуыр кӕндзыстӕм", - радзырдта Гаглойты Роберт.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уӕлмӕрды территори ахсы 120 квадратон метры бӕрц, фидарӕй зӕгъӕн ис, уый ног уӕлмӕрд кӕй нӕу.

"Нӕдӕр фыццаг геноциды дугӕй у, нӕдӕр фӕстаг хӕстӕй. Фидарӕй ма зӕгъӕн ис, Цхинвалы археологон картӕйыл кӕй фӕзынд ноджы иу объект", - балхынцъ кодта ахуыргонд. 

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы ссардтой астӕуккаг ӕнусы уӕлмӕрд
Цхинвалы ссардтой астӕуккаг ӕнусы уӕлмӕрд  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.04.2021
Цхинвалы ссардтой астӕуккаг ӕнусы уӕлмӕрд

Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады фехъусын кодтой Sputnik, барадхъахъхъӕнӕг органтӕ дӕр кӕй бацыдысты бынатмӕ, фӕлӕ уӕлмӕрд рагон кӕй разынд, уымӕ гӕсгӕ сӕ бӕрны нӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0