Хуссар Иры Дзауы районы байуардзысты 36 ног фатеры

© Photo : Пресс-служба Дзауского районаХуссар Иры Дзауы районы байуардзысты 36 фатеры
Хуссар Иры Дзауы районы байуардзысты 36 фатеры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.05.2021
Рафыссын
Радты ныридӕгӕн лӕууынц 300 бинонтӕй фылдӕр, уыдон цардуагон уавӕртӕ ӕмӕ исад бӕрӕг кӕндзӕн сӕрмагонд къамис 15 маййӕ фӕстӕмӕ

ЦХИНВАЛ, 12 май - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы байуардзысты 36 ног фатеры, фехъусын кодта Sputnik районы пресс-службӕйы кусӕг Тедеты Лиана.

Хуссар Иры Дзауы районы аразынц сывӕллӕтты фӕзуат - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.04.2021
Хуссар Иры Дзауы районы аразынц сывӕллӕтты фӕзуат

Сӕрмагонд къамис 15 майы ӕруромдзӕн куырдиӕттӕ исыны куыст ӕмӕ ахуыр райдайдзысты радты лӕуджыты уавӕртӕ ӕмӕ исад.

"Ӕртӕ боны дӕргъы ма ист цӕудзысты куырдиӕттӕ  ӕмӕ 15 маййӕ къамис райдайдзӕн йӕ куыст. Ныридӕгӕн фатертӕм радты лӕууынц 300 бинонтӕй фылдӕр", - загъта уый.

Дзауы центры скъола-интернаты цур цы дыууӕ бирӕуӕладзыгон хӕдзары арызанц, уыдон уӕрст цӕудзысты радты лӕуджытыл.

"Дыууӕ корпусы цӕуы мидӕггагон куыстытӕ. Уый фӕстӕ ӕрӕвналдзысты хӕрзарӕзтадмӕ. Ацы азы кӕронмӕ хъуамӕ ӕнӕмӕнг сцӕттӕ уа", - бафтыдта Тедеты Лиана.

Къамисы сконды ис Паддзахадон ӕдасдзинады комитет, прокуратурӕ, районы администраци ӕмӕ хъӕууон администрациты минӕвӕрттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0