Хуссар Иры бамбал ис пластикы ныхмӕ ӕппӕткавказон акцимӕ

© Sputnik / Фатима ПлиеваХуссар Иры бамбал сты пластикы ныхмӕ ӕппӕткавказон акцимӕ
Хуссар Иры бамбал сты пластикы ныхмӕ ӕппӕткавказон акцимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.05.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны фӕстаг ӕзты актуалон ссис быроны проблемӕ. Ӕдзух судзгӕ бырондонӕй дарддӕр ӕхсӕнад ӕнӕразыдзинад ӕвдисы ӕнӕмбӕлон бынӕтты цардуагон быроны уӕвынадӕй, ӕгъатырӕй бырон кӕнынц ӕрдзы дӕр. Бырон дих кӕныны фӕнд дӕр ныхасӕй хъуыддагмӕ нӕ хизы

ЦХИНВАЛ, 17 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны экологикон организаци "Зеленая Алания" бамбал ис пластикы ныхмӕ ӕппӕтдунейон акцимӕ.

Дунейы ӕмӕ фӕстаг рӕстӕджы Цӕгат Кавказы регионты дӕр сарӕх сты мадзӕлттӕ, цы ран активисттӕ сидынц фӕкъаддӕр кӕнын пластикон мигӕнӕнтӕй пайда кӕнын, целлофанӕй пакеттӕ хатынц раивын хъуымац ӕмӕ гӕххӕт хызынтӕй, кӕцытӕ ӕрдзӕн ницы зиан кӕнынц.

Цхинвалы цур судзы стыр бырондон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.03.2020
Цхинвалы цур судзы стыр бырондон

Хуссар Ирыстоны дӕр фӕстаг ӕзты сактуалон ис быроны проблемӕ. Ӕдзух судзгӕ бырондонӕй дарддӕр ӕхсӕнад ӕнӕразыдзинад ӕвдисы ӕнӕмбӕлон бынӕтты цардуагон бырон калынӕй, ӕгъатырӕй бырон кӕнынц ӕрдзы дӕр. Бырон дих кӕныны фӕнд дӕр ныхасӕй хъуыддагмӕ нӕ хизы.

Экологон организацийы хъӕппӕрисӕй Цхинвалы кӕцыдӕр дуканиты фӕзынд хъуымацӕй хызынтӕ. Организацийы разамонӕг Габайты Зӕлинӕйы ныфс ис, иу хызын бырондӕтты кӕй рацух кӕндзӕн сӕдӕгай пакеттӕй ӕмӕ Ирыстон уыдзӕн чысыл сыгъдӕгдӕр экологион ӕгъдауӕй.

"Иу хызын сӕдӕ пакетӕй куы ссӕрибар кӕна бырондоны, ӕмӕ уый та фылдӕр ссӕрибар кӕндзӕн, уӕд уый дӕр хорз у. Мах афтӕ нӕ дзурӕм, цӕмӕй нын ӕнӕмӕнг нӕ хызынтӕ ӕлхӕной, ӕндӕртӕ дӕр уӕд, ӕрмӕст ахӕмтӕ, кӕцытӕ ӕрдзы сӕхӕдӕг ӕмбийынц", - радзырдта Sputnik Габайты Зӕлинӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, организацийы сӕйраг нысан у, цӕмӕй адӕм цадӕггай хизой, ӕрдзӕн чи нӕ зиан кӕны, ахӕм ӕрмӕгмӕ.

"Ставрополы целлофанӕй пакеттыл сӕвӕрдтой тобӕ. Махмӕ сӕ дуканиты куыд дӕттынц ӕнӕргъӕй, уым афтӕ нал у. Уый бӕсты ӕнхъарынц хъуымацӕй хызынтӕ. Сӕ ӕрдз хъахъхъӕнынц. Мах дӕр стӕм туристон регион, ноджы ма адӕм куы ныггуылф кӕной, уӕд бынтон быронӕй нал зындзыстӕм", - загъта уый.

"Зеленая Алания"-йы сӕргълӕууӕг ма бафтыдта, зӕгъгӕ, фӕрӕзтӕ куыд амоной, афтӕ заказ кӕндзысты хызынты ног партитӕ.

"Нӕ логотиптимӕ хызынтӕ-иу чысыл партитӕй фӕзындзысты дуканиты, цӕмӕй сыл адӕм ахуыр кӕной", - бафтыдта уый.

Пожар на мусорном полигоне близ Цхинвала - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.03.2020
Цхинвал фæздæджы: столицæмæ хæстæг бырондон хуыссын кæнынц баиугонд тыхтæ

Ацы хъуыдыйы фарс сты цӕрджытӕ дӕр.

"Мӕн дӕр фӕндид, цӕмӕй пакеттӕ раивой гӕххӕт, науӕд та хъуымацӕй хызынтӕй. Фӕлӕ дзы нырма стӕм ран ис аслам аргъыл балхӕнӕн, цӕмӕй дзы сӕвӕрон мӕ халсары дуканийы",- загъта уӕйгӕнӕг Радмилия.

Фӕсивӕды минӕвӕрттӕ дӕр нымайынц, ацы фӕндыл кӕй хъӕуы бакуысын ӕмӕ раразмӕ кӕнын.

"Хъӕуы хызынты рауагъдад срӕвдз кӕнын афтӕ, цӕмӕй йӕ аргъ адӕймагӕн зын бамбӕрзӕн ма уа ӕмӕ ӕрдз бахъахъхъӕныны фӕндыл сӕ фӕстаг муртӕ ма дӕттой", - банысан кодта ӕвзонг активист Уырызмӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0