ЦХИНВАЛ, 21 май - Sputnik. Цхинвалы уагъд цӕуы Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад ӕмӕ УФ экономикон райрӕзты министры хӕдивӕг Сергей Назаровы сӕргълӕудӕй уӕрӕсейаг делегацийы иумӕйаг рабадт.
Президент Бибылты Анатолий фембӕлды райдайӕны банысан кодта, баныхасы темӕтӕ кӕй уыдзысты дыууӕварсон ӕмархайды алы здӕхт дӕр. Уыдон сты Инвестпрограммӕ, бюджетон фадыджы кусджытӕн мыздтӕ фӕфылдӕр кӕнын, таможнӕйон фарстытӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ.
"2015 азы ӕмгуыстад ӕмӕ интеграцийы фӕдыл бадзырд ӕнтыстджынӕй реализаци цӕуы ӕмӕ гӕнӕн ис фенын ӕвӕрццаг процесстӕ Хуссар Ирыстоны, кӕцытӕ ӕххӕст цӕуынц Уӕрӕсейы ӕххуысы руаджы", - загъта паддзахады сӕргълӕууӕг.
Сергей Назаров дӕр банысан кодта, иумӕйаг тыхтӕй Мӕскуы ӕмӕ Цхинвалӕн сӕ бон кӕй у аскъуыддзаг кӕнын алы проблемӕ дӕр ӕмӕ раттын ног импульс республикӕйы социалон-экономикон райрӕзтӕн.
"Куыд оперативон ӕмӕ эффективондӕр скъуыддзаг кӕнӕм фарстытӕ, афтӕ тагъддӕр Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ банкъардзысты ацы ивындзинӕдтӕ", - бахахх кодта УФ министры хӕдивӕг.
Уӕрӕсейаг делегаци Сергей Назаровы сӕргълӕудӕй ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ кусӕгон балцы. Майрӕмбоны райсом Назаров фембӕлд президент Бибылты Анатолиимӕ, уый фӕстӕ райдыдта иумӕйаг рабадт республикӕйы хицауадимӕ дыууӕ бӕстӕйы хсӕн социалон-экономикон ӕмгуыстады фӕдыл.
Абон ма уӕрӕсейаг министры хӕдивӕг хайад райсдзӕн Цхинвалы мемориалон комплексы цытджын баконды церемонийы – объект арӕзт ӕрцыд инвестицион программӕйы фӕлгӕтты. Афтӕ ма делегаци бабӕрӕг кӕндзӕн Инвестпрограммӕйы ӕндӕр объекттӕ.