Хуссар Иры сывӕллӕтты омбудсмен радзырдта йӕ сӕйраг нысаны тыххӕй

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхуырбаты Татьяна
Цхуырбаты Татьяна - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.05.2021
Рафыссын
Сывӕллӕтты барты фӕдыл ӕххӕстбарджыны ныхӕстмм гӕсгӕ, республикӕйы ис тынг бирӕ сахъат сабитӕ, кӕцытӕн нӕй бынтондӕр ницы уавӕртӕ

ЦХИНВАЛ, 28 май – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны сывӕллӕтты омбудсмен Цхуырбаты Татьяна радзырдта, йӕ сӕйраг нысаныл кӕй нымайы сахъат сабитӕн ӕххуыс кӕнын.

Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны ӕхсӕнадӕмон боны размӕ Sputnik ацыд пресс-конференци омбудсмены, афтӕ ма волонтер Дыгъуызты Вадим ӕмӕ сывӕллӕтты ӕхсӕнадӕмон советы уӕнг Джиоты Тимуры хайадистӕй.

"Сывӕллӕттӕ-инвалидтӕ. Махмӕ уыдонӕн бынтондӕр ницы ис. Нӕй сын ӕхсӕнад,инклюзивон ахуырад. Уыдон сты сӕ хӕдзӕртты амынӕты, уыдоны тӕрсынц ӕддӕмӕ ракӕнын. Уый фӕдыл нӕ фӕнды, цӕмӕй сын арӕзт ӕрцӕуа хорз ӕнцонвадат ӕхсӕнад, кӕцы хынцдзӕн, сахъат сабиты цы хъӕуы, уыдӕттӕ", - радзырдта Цхуырбаты Татьяна.

Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, хъыгагӕн, уыдон республикӕйы кӕй сбирӕ сты, ӕмӕ сын бынаты уавӕртӕ кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕбинонтӕ фылдӕр хатт ацӕуынц цӕрынмӕ Уӕрӕсемӕ.

"Мӕ бон нӕу дырысӕй зӕгъын сахъат сывӕллӕтты нымӕц, уый ивы ӕдзухдӕр, фӕлм бирӕ кӕй сты - уый у факт. Ахӕм сабитӕн баххуыс кӕнын - мӕ фыццаг нысан", - бахахх кодта омбудсмен.

Коррекцион кълас - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.03.2021
Цхинвалы ӕрдзырдтой низӕфхӕрд сывӕллӕтты ахуырыл

Уый ма радзырдта, тынг бирӕ бинонтӕ йӕ кӕй ӕрбахатынц цӕрӕнуатон проблемӕимӕ.

Уӕлдай хъусдард ма, адарддӕр кодта Цхуырбаты Татьяна, домынц хистӕр кары сывӕллӕттӕ дӕр.

"Уыд нӕм стыр проблемӕ - электронон сигаретӕтӕ. Мах уагътам фембӕлдтӕ, нахас кодтам хистӕр кары сывӕллӕттимӕ, тобӕ сӕвӕрдтам уыдон ӕнахъомтӕн уӕй кӕныныл. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, мах хъӕуы бакусын сывӕллӕттӕн социалон программӕтыл. Ацы хъуыддаг нӕм тынг лӕмӕгъ ӕмвӕзадыл ис ӕмӕ йыл хъӕуы басӕттын. Куыннӕ ӕркӕсӕм фӕсивӕды хъуыддӕгтӕм, уӕд нӕ проблемӕтӕ кӕндзысты фылдӕрӕй фылдӕр", - бафтыдта уый.

Уыимӕ ма ӕххӕстбарджын банысан кодта, ацы хъуыддӕгтӕ иу адӕймаджы бӕрны кӕй ма хъуамӕ уой, уымӕн ӕмӕ сты глобалон фарстытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0