Хуссар Ирыстоны райдыдта сывӕллӕтты диспансеризаци

© Sputnik / Кирилл Брага /  Ахизын медиабанкмæсывӕллӕтты диспансеризаци
сывӕллӕтты диспансеризаци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.06.2021
Рафыссын
Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министы хӕслӕвӕрдмӕ гӕсгӕ, диспансеризаци ӕрӕмных кодтой Сывӕллӕтты хъахъхъӕнынады бонмӕ

ЦХИНВАЛ, 3 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны райдыдта диспансеризаци арӕнӕвӕрд фадӕттимӕ сабитӕн, афтӕ ма сидзӕртӕ ӕмӕ ӕххуысхъуаг бинонтӕй сывӕллӕттӕн, хъусын кӕны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.

Къуырийы райдианмӕ диспансеризаци рацыдысты 80 сывӕллоны, уый та РБМЦ сывӕллӕтты рынчындоны поликлиникӕйы сӕргълӕууӕг Хӕныкъаты Ларисайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, у тынг хорз бӕрӕггӕнӕн.

"Диспансеризацийы фӕлгӕтты чысыл пациенттӕ цӕуынц арф басгӕрст, лабораторон диагностикӕ. Исынц сын анализтӕ, ӕнӕмӕнгӕй алкӕцы сывӕллонӕн дӕр аразынц электрокардиографи ӕмӕ УЗИ", - загъта уый.

Кӕд ӕмӕ сывӕллӕттӕй искӕмӕн вӕййы зӕрдӕйы патологи, уӕд ын зӕрдӕйы УЗИ дӕр саразынц.

"Цхинвалы скъола-интернаты ахуырдзаутӕн ӕнӕмӕнгӕй рацӕудзысты риуыгуыдыры рентгенографи дӕр - кармӕ гӕсгӕ сӕ иутӕн сараздзысты флюрографи, аннӕтӕн та рентген. Сывӕллӕттӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй интернаты кӕй вӕййынц, уымӕ гӕсгӕ хъӕуы аиуварс кӕнын инфекцион низты апарахаты тас", - бахахх кодта Хӕныкъаты Лариса.

 стоматолог - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.05.2021
Стоматологтӕ ӕрӕх сабиты кӕй нӕ райсынц, ууыл ӕруынаффӕ кодтой Хуссар Иры депутаттӕ

Поликлиникӕйы хистӕр ма бафтыдта, диспансеризаци рацӕуыны фадат кӕй ис канд уӕлдӕр ранымайгӕ категоритӕн нӕ, фӕлӕ алы сывӕллонӕн дӕр.

"Рынчындонмӕ ссӕуын йӕ бон кӕмӕн нӕу йе 'нӕниздзинады тыххӕй, уыдонмӕ та профилон ӕмӕ фадыгон дохтыртӕ цӕудзысты хӕдзармӕ", - баныфсӕвӕрдта уый.

Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтыл ӕнцойгӕнгӕйӕ Хӕныкъаты Лариса банысан кодта, сывӕллӕтты фылдӕр кӕй тыхсынц нерты патологитӕй, ис ма сывӕллӕттӕ зӕрдӕнизтимӕ ӕмӕ бронхиалон астмӕимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0