Дзауы районы бирӕуӕладзыгон аварион хӕдзар цалцӕг ӕрцӕудзӕн 2022 азы

© Пресс-служба президента РЮОДзауы районы бирӕуӕладзыгон хӕдзар цалцӕг ӕрцӕудзӕн 2022 азы
Дзауы районы бирӕуӕладзыгон хӕдзар цалцӕг ӕрцӕудзӕн 2022 азы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.06.2021
Рафыссын
Фондзуӕладзыгон 20-фатерон хӕдзар арӕзт ӕрцыд 1989 азы ӕмӕ зынгӕ бахъыгдард ис 1992 азы зӕххӕнкъуысты рӕстӕджы

ЦХИНВАЛ, 3 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы фондзуӕладзыгон хӕдзар, кӕцы нымадтой аварионыл, капиталон ӕгъдауӕй цалцӕг ӕрцӕудзӕн 2022 азы. Уымӕн разыдзинад радта Уӕрӕсейӕ ӕрхонгӕ организаци, фехъусын кодта Sputnik районы администрацийы хистӕр Джиоты Андрей.

Хуссар Иры Дзауы районы байуардзысты 36 фатеры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.05.2021
Хуссар Иры Дзауы районы байуардзысты 36 ног фатеры

Фондзуӕладзыгон 20-фатерон хӕдзар арӕзт ӕрцыд 1989 азы ӕмӕ зынгӕ бахъыгдард ис 1992 азы зӕххӕнкъуысты рӕстӕджы. Хӕдзары цӕрджытӕ сӕ проблемӕйы тыххӕй цыдысты бирӕ инстанцитӕм. Ивгъуыд азы кӕрон сын уыд фембӕлд паддзахады разамонӕг Бибылты Анатолийимӕ. Уӕд аскъуыддзаг кодтой ӕрхонын Уӕрӕсейӕ эксперттӕ, кӕцытӕ сахуыр кӕной бӕстыхайы уавӕр.

Районы хистӕры ныхӕстӕм гӕсгӕ, бӕстыхай уавӕр сахуыр кодта Уӕрӕсейы раззагон организацитӕй иу.

"Севосетпроект"-ы хатдзӕгмӕ гӕсгӕ бӕстыхай у ӕдас, фӕлӕ домы капиталон цалцӕг. Ӕддейӕ бакастӕй йыл тынг нӕ зыны, фӕлӕ мидӕгӕй тынг хъыгдард у. Цӕрджытӕ бахатыдысты президентмӕ, цӕмӕй хӕдзар цалцӕг ӕрцӕуа, уый хаст ӕрцыд Инвестицион нывӕзтмӕ", - загъта Джиоты Андрей.

Уый банысан кодта, хӕдзар ма иу хатт кӕддӕр кӕй ӕрцыд цалцӕг - раивтой йын йӕ агъуыст ӕмӕ фӕрсӕгтӕ. 20 фатеры цӕры ӕрмӕст авд бинонтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0