Хуссар Иры театры къухдариуӕггӕнӕг радзырдта, кӕд уыдзӕн "Фӕстаг ӕвдисӕны" премьерӕ

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны театр
Хуссар Ирыстоны театр  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.06.2021
Рафыссын
Трагеди ӕвдисы 1920 азы июны цауты тыххӕй - уӕд Гуырдзыстон ӕрӕвнӕлдта ирон адӕмӕн геноцид аразынмӕ. Спектаклы сӕйраг роль сӕххӕст кӕдзӕн Адӕмон артист Хаситы Вильгельм

ЦХИНВАЛ, 4 июн – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Трагеди "Фӕстаг ӕвдисӕн"-ы премьерӕ уагъд ӕрцӕудзӕн августы, республикӕйы 90-ӕм театралон сезоны ӕрбаконды рӕстӕджы, радзырдта Sputnik Хуссар Ирыстоны паддзахадон театры аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзудцаты Тамерлан.

Йӕ ныхӕстӕм гӕгӕ, ныртӕккӕ труппӕ уадзы репетицитӕ, атфа ма кусы декорацитӕ ӕмӕ костюмтыл.

"Спектаклы режиссер дӕн ӕз. Трагеди ныффыста ӕвзонг автор Остъаты Алан. Композиторӕй ралӕууыд Плиты Мурӕт, нывгӕнӕгӕй - та Санахъоты Мӕдинӕ", - банысан кодта Дзудцаты Тамерлан.

Трагеди ӕвдисы 1920 азы июны цауты тыххӕй - уӕд Гуырдзыстон ӕрӕвнӕлдта ирон адӕмӕн геноцид аразынмӕ.

Остъаты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.09.2019
"Сау дуджы фæстаг æвдисæн": 20-ӕм ӕзты геноциды юбилеймӕ Хуссар Иры бацæттæ кодтой пьесæ

Спектаклы сӕйраг роль сӕххӕст кӕдзӕн Цӕгат Иры ӕмӕ Хуссар Иры Адӕмон артист, Хъӕрӕсе-Черкессийы сгуыхт артист Хаситы Вильгельм - йӕ персонаж мысы уыцы рӕстӕджытӕ ӕмӕ сӕ дзуры.

"Спектаклы ӕдӕппӕт архайы 60 адӕймаджы - алкӕцы дӕр дзы йӕхи бынаты ӕххӕст кӕны сӕрмагонд хӕс ӕмӕ нысаниуӕг, ӕмӕ афтӕ зӕгъӕн ис, у сӕйраг хъайтар", - бахахх кодта театры аивадон къухдариуӕггӕнӕг.

Дзудцаты Тамерлан ма радзырдта ӕрӕджы рацӕугӕ спектакль "Дон Жуаны" тыххӕй дӕр. Уый банысан кодта, уый ма иу хатт кӕй равдисдзысты 8 июны, уый фӕстӕ театр ацӕудзӕн отпусчы. Радон хатт театрдзаутӕ фендзысты пьесӕ сентябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0