Давынц дидинджытӕ, сӕттынц рухсытӕ: вандалты къухвӕд Цхинвалы "Стыр парчы"

© Sputnik / Фатима ПлиеваСтыр парк
Стыр парк - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.06.2021
Рафыссын
Горӕты цӕрджытӕ домынц, цӕмӕй парчы сӕвӕрой видеокамерӕтӕ ӕмӕ ахӕм ӕдзӕсгом адӕймӕгтӕ карзӕй ӕфхӕрд цӕуой

ЦХИНВАЛ, 22 июн — Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Хуыбылты Валерийы номыл фæлладуадзæн парк цæрджытæн у иууыл уарзондæр фæлладуадзæн бынат. Æрвылбон дæр "Стыр парчы" бынæттон цæрджытæ фæтезгъо кæнынц, сæ фæллад уадзынц æд сывæллæттæ. Уыдон хæрзиуæгæн дзы арæзт æрцыд сæрмагонд фæндаг, сæвæрдтой дзы быронкалæнтæ, бандæттæ, электроны цырæгътæ, рæсугъддзинад цæстытæ сæхимæ здахынц.

Бафснайӕм нӕ ӕрдз - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.06.2021
Бафснайӕм нӕ ӕрдз: Хуссар Иры фӕсивӕды хонынц дыккаг экологион акцимӕ

Гъе, фæлæ сын сæ аивдзинадыл нæ ауæрдынц хицæн адæймæгтæ æмæ сæ фыдуынд кæнынц. Пырх кæнынц фонарьты, быронкалæнты, бандæтты. Сӕ бырон бырондонмæ нæ фæхæццæ кæнынц, фæлæ сæ кæмфæндыдæр аппарынц.

"Адæмы цинæн кæрон нал уыд, куы йӕ сарӕзтой, уӕд. Ног фæлладуадзæн бынатмæ цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Ныр дзы сæ рæстæг пайдаимæ æрвитынц куыд сывæллæттæ, афтæ хистæр кары адæм дæр. Фæлæ йӕ цӕмӕн пырх кӕнӕм? Æндæр горæтты дæр кæнынц ахæм митæ, фæлæ уыдоны рабæрæг кæнынц видеокамерæты фæрцы æмæ сæ бафхæрынц, бæрндзинадмæ сæ æркæнынц", - зæгъы горæты цæрæг Тыбылты Верæ.

© Sputnik / Фатима ПлиеваСтыр парк
Давынц дидинджытӕ, сӕттынц рухсытӕ: вандалты къухвӕд Цхинвалы Стыр парчы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.06.2021
Стыр парк

Цхинвалы дæр бирæ уынгтыл конд ис видеокамерæтæ, фæлæ, ӕвӕццӕгӕн, нырма уыцы фадат нæй, цæмæй сӕ алы сквер æмæ улæфæн бынаты дæр сӕвӕрой.

"Парчы тезгъогæнгæйæ, мæ цæст схæцыд, газоны цы уардитæ сагъд ис, уыдонæй цалдæр къутæр чидæр куыд фелвæста æмæ сын сæ сыджыт та тезгъогæнæн тротуартыл куыд ныппырх кодта", - дзуры сылгоймаг.

Уардитӕ сагъд æрцыдысты æрæджы æхсæнадон-экологион организаци "Зеленая Алания"-йы руаджы. Ӕмӕ ахæм бынæтты уыцы рæсугъддзинад халынмæ кæй къухтæ æххæссынц, уыдон хъуамӕ цӕрджыты раз дӕр ӕмӕ сӕ ныссадзджыты раз дӕр ӕмбӕлон дзуапп раттикой.

Ног хабӕртты лентӕ
0