Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой 15 ног рынчыны коронавирусӕй – сӕйраг санитарон дохтыр

© Sputnik / Магда Гибелли /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.07.2021
Рафыссын
Фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, республикӕйы пандемийы райдайӕнӕй сбӕрӕг кодтой 3727 фӕрынчынуӕвӕджы COVID-19-ӕй, уыдонӕй 3451 адӕймаджы сӕнӕниз сты. Медикты хъусдарды бын ма сты 276 пациенты

ЦХИНВАЛ, 13 июл - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны фӕстаг суткӕйы дӕргъы коронавирус сбӕрӕг кодтой 15 адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik дыццӕджы республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

 COVID-19  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.07.2021
Хуссар Иры сæйраг инфекционист радзырдта "сырх зонæйы" уавæры тыххæй

Уый банысан кодта, Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы иу суткӕмӕ сарӕзтой 130 тесты COVID-19-ы фӕдыл.

"Иу суткӕмӕ коронавирус рабӕрӕг ис 15 адӕймагӕн, медицинон хыгъдӕй систой 16 ӕмбӕстаджы", - загъта Коцты Марина.

Цӕстдардон уагдоны ПРЦ-лабораторийы инфекцион низы фӕзындӕй фӕстӕмӕ сарӕзтой 25 394 тесты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй низы уӕвынад равдыстой 3727. Ӕдӕппӕт  сӕнӕниз сты 3435 адӕймаджы. Ныртӕккӕ медикты хъусдарды бын стационар ӕмӕ амбулаторийы сты 276 пациенты.

Хуссар Ирыстоны сӕйраг санитарон дохтыр ӕрсидт республикӕйы цӕрджытӕм, цӕмӕй бӕрнон ахаст дарой маскӕйы режим ӕххӕст кӕнынмӕ, уымӕй дарддӕр ма цӕуой массон мадзӕлттӕм.

"Сидӕм ӕххӕст кӕнын оперативон штабы домӕнтӕ – бакӕнын маскӕйы режим объектты. Нӕ кусджытӕ уадзынц рейдон басгӕрсттӕ, объектты разамонджытӕ хӕссынц бӕрндзинад ацы домӕнтӕ фехалыны тыххӕй", - банысан кодта Коцты Марина.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, оперативон штабы барфысттӕ фехалыны тыххӕй ӕрбаздахдзысты административон бӕрндзинадмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0