Хуссар Иры санитарон уагдоны фехъусын кодтой ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæCOVID-19
COVID-19  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.07.2021
Рафыссын
Пандемийы райдианӕй COVID-19 ӕдӕппӕт бахӕцыд 4242 адӕймагыл, уыдонӕй медицинон хъусдардӕй систӕуыд 3664

ЦХИНВАЛ, 30 июл - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны коронавирус сбӕрӕг кодтой 29 адӕймагӕн ивгъуыд суткӕйы, фехъусын кодта Sputnik майрӕмбоны республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

"Республикӕйы фӕстаг суткӕ сарӕзтой 184 ПЦР-иртӕсты, уыдонӕй COVID-19 уӕвынад равдыстой 29. Уый хыгъд пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 4242 онг", - загъта Коцты Марина.

Медицинон хъусдардӕй иу бонмӕ систӕуыд 20 пациенты, ӕдӕппӕт та тӕссаг инфекцийӕ сӕнӕниз сты 3664 фӕрынчынуӕвӕджы.

Медикты бӕрны абоны бон сты республикӕйы 578 ӕмбӕстаджы.

вакцинаци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.07.2021
Хуссар Иры коронавирусы ныхмӕ прививкӕ сарӕзтой 750 адӕймаджы онг

Пандемийы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ уагдоны ПЦР-лабораторийы сарӕзтой 28 282 иртӕсты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл.

Санитарон уагдоны сидынц ӕххӕст кӕнын коронавирусы апарахаты профилактикӕйы фӕдыл мадзӕлттӕ ӕххӕст кӕнын. Югосетпотребнадзоры кусджытӕ иудадзыг уадзынц рейдон мадзӕлттӕ базарадон объектты ӕмӕ республикӕйы организациты, цӕмӕй басгарой оперативон штабы барфысттӕ куыд ӕххӕст цӕуынц, уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0