ЦХИНВАЛ, 3 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны министрты кабинет рахицӕн кодта хицауады фӕстауӕрцон фондӕй фӕрӕзтӕ Югосетпотребнадзоры кусджытӕн фиддонтӕн. Ӕмбӕлон скъуыддзаг райстой рабадтыл къуырисӕры, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.
Югосетпотребнадзоры кусджытӕ райсдзысты 449 мин сомы пандемийы рӕстӕджы ахсджиаг куыстытӕ бакӕныны тыххӕй.
"Уынаффӕйы проектмӕ гӕсгӕ рахицӕн кӕндзысты сӕрмагонд социалон фиддонтӕ ахсджиаг куыстытӕ бакӕныны тыххӕй республикӕйы санитарон-эпидемиологон ӕдасдзинад ӕххӕст кӕныны рӕстӕджы "Центр гигиены и эпидемиологии" медицинон кусджытӕн, кӕцытӕ арӕзтой лабораторон иртӕстытӕ, 2021 азы март-июнь периодӕн", - загъта республикӕйы финансты министры хӕдивӕг Тыбылты Марина.
Раздӕр хъусын кодтой, апрелы хицауад кӕй рахицӕн кодта йӕ фӕстауӕрцон фондӕй 4,53 милуан сомы медиктӕн социалон фиддонтӕн коронавирусы ныхмӕ тохы тыххӕй. Афтӕ ма Хуссар Ирыстоны министрты кабинет июны рахицӕн кодта 235 мин сомы сӕрмагонд фиддонтӕн медиктӕ ӕмӕ волонтертӕн.