ЦХИНВАЛ, 4 авг - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент райста закон республикӕйы территорийыл вейп-продукцийыл тобӕ сӕвӕрыны фӕдыл. Законы фӕлгӕтты нал уыдзӕн гӕнӕн ӕрбаласын, парахат кӕнын ӕмӕ пайда кӕнын электронон сигаретӕтӕй Хуссар Ирыстоны.
Фарст боны фӕткмӕ рахаста ӕнӕниздзинады фӕдыл парламентон комитеты сӕргълӕууӕг Плиты Александр. Ӕрӕджы Sputnik йӕ интервьюйы уый фехъусын кодта, зӕгъгӕ, ӕвзонг адӕм ӕй ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕнынц, электронон тамакотӕ дымгӕйӕ се 'нӕниздзинадӕн цы стыр зиан хӕссынц, уый. Бирӕ рӕстӕджы пайдакӕнынад та гӕнӕн ис ӕмӕ ӕркӕна ахӕм низмӕ, куыд "вейп-ассоциированная пневмония".
"Вейпты зианы тыххӕй иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ дзырдтам. Куыд зонӕм, афтӕмӕй уыдон сты тынг популярон фӕсивӕды хсӕн, уыдон тынг дымынц скъоладзаутӕ. Уымӕ гӕсгӕ, хатын мӕ коллегӕтӕм, цӕмӕй балӕууой ацы законы фарс", - загъта уый.
Депутаттӕм ацы фарсты фӕдыл ныхмӕвӕрд хъуыдытӕ нӕ разынд - закон ист ӕрцыд ӕмхъӕлӕсӕй.