ЦХИНВАЛ, 5 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы михъуыддӕгты дӕлхайады хистӕры хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕст кӕндзӕн милицийы дӕлбулкъон Годжысаты Александр, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Кусджытимӕ йӕ базонгӕ кодта дӕлхайады куратор, мидхъуыддӕгты министры хӕдивӕг Кокойты Тарзан. Уый фидарӕй загъта, кусджытӕ дарддӕр дӕр кӕй кусдзысты иу командӕйӕ ӕмӕ хъахъхъӕндзысты ӕхсӕнадон фӕтк.
Уый размӕ Цхинвалы районы мидхъуыддӕгты дӕлхайады разамонӕг уыд Гӕбӕраты Радион, кӕцыйы ӕртыццӕджы снысан кодтой Цхинвалы милицийы ног хистӕрӕй.
Годжысаты Александр райдыдта мидхъуыддӕгты органты службӕ 2001 азы милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды. Афтӕ ма службӕ кодта фидауынгӕнӕг тыхты, УУМ ӕмӕ Хъахъхъӕнынады министрады. 2014 азӕй 2017 азмӕ уыд Цхинвалы районы мидхъуыддӕгты дӕлхайады паспортон столы хистӕр, 2018 азы йӕ снысан кодтой паспортон-визон къорды хистӕрӕй, 2019 азӕй та – мидхъуыддӕгты районон дӕлхайады иумӕйаг фарстыты фӕдыл хистӕры хӕдивӕгӕй.