ЦХИНВАЛ, 9 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны территорийыл ивгъуыд къуыри ӕрцыд ӕртӕ аварийы, кӕцыты фӕстиуӕгӕн иу адӕймаг амард, хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 229 фӕткхалды.
"Ӕртӕ шофыры фӕдыл сарӕзтой административон протоколтӕ хӕдтулгӕ нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Афтӕ ма, 2-ӕй 9-ӕм августмӕ республикӕйы территорийыл регистрацигонд ӕрцыд иу фыдракӕнд, кӕцы раргом кодтой мидхъуыддӕгты органтӕ. Ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны тыххӕй Цхинвалы мидхъуыддӕгты дӕлхайады кусджытӕ ӕрурӕдтой дыууӕ ӕмбӕстаджы, ӕртӕ адӕймаджы тӕрхондон ӕрбаздахта административон бӕрндзинадмӕ.