Хуссар Иры студентон клуб "Аполлон" бабӕрӕг кодта "ӕхсӕрдзӕнты ком"

© Sputnik / Ян ГабараевХуссар Иры студентон клуб "Аполлон" бабӕрӕг кодта "ӕхсӕрдзӕнты ком"
Хуссар Иры студентон клуб Аполлон бабӕрӕг кодта ӕхсӕрдзӕнты ком - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.08.2021
Рафыссын
Дзауы районы Леты ком арæх фæхонынц "ӕхсӕрдзӕнты ком", уым фендтаг æрдз æмæ хæхтæй дарддæр ис аив æхсæрдзæнтæ

ЦХИНВАЛ, 18 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны студентон клуб "Аполлон"-ы уӕнгтӕ бабӕрӕг кодтой Дзауы районы Леты ком, фехъусын кодта Sputnik клубы хистӕр Къӕбулты Елизавета.

Къуыдаргомы хохлӕбырд сӕхгӕдта фӕндаг Аланийы пикмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.08.2021
Къуыдаргомы хохлӕбырд сӕхгӕдта фӕндаг Аланийы пикмӕ

Дзауы районы Леты ком арæх фæхонынц "ӕхсӕрдзӕнты ком", уым фендтаг æрдз æмæ хæхтæй дарддæр ис аив æхсæрдзæнтæ. Бӕлццӕттӕ ӕхсӕвиуаты лагерь сӕвӕрдтой Дзӕдойы хохрӕбын.

"28 студенты ӕмӕ дыууӕ хистӕр кары лӕджы скондӕй балцы уыдыстӕм цыппар ӕхсӕв ӕмӕ фондз боны. Лагерӕй ӕрвылбон дӕр фӕнд кодтам цӕуын ног фендтаг бынӕттӕм, фӕлӕ нын ӕвзӕр боныгъӕд кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ нӕ балцытӕ фӕкъуыхцы сты. Федтам ӕхсӕрдзӕнтӕ, уый бӕрц ӕхсӕрдзӕнтӕ ныры онг никуы ма федтон - 15 дзы банымадтон", - загъта уый.

Студентон клубы хистӕры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ног ахуыры азмӕ уыдон хъуамӕ ацӕуой ноджы иу балцы.

Ног хабӕртты лентӕ
0