ЦХИНВАЛ, 19 авг – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон фæстаг æзты цымыдисонæй цымыдисондæр кæны канд Уæрæсейæ туристтæн нæ, фæлæ ма æндæр бæстæтæй бæлццæттæн дæр, радзырдта йæ интервьюйы Sputnik экономикæйы министрады туризмы хайады хистæр Плиты Вадим.
Уæрæсейы Арæнгæрон службæ æрæджы ныммыхуыр кодта статистикон бæрæггæнæнтæ фæсарæнтæм уæрæсейæгты балцыты фæдыл. Иууыл популярондæр бæстæтæ сты Абхаз, Турк æмæ Украинæ. Иннæ популярондæр республикæты хсæн сты Казахстан, ИАЭ, Финлянди, Кипр, Хуссар Ирыстон, Сомихстон æмæ Киргизи.
Плиты Вадим банысан кодта, зæгъгæ, кæд ацы хабар фылдæр баст у æнæхъæн дунейы коронавирусон арæнæвæрдтимæ, уæддæр Хуссар Ирыстон цадæггай здахы фæсарæйнаг туристты хъусдард.
"Фæстаг дыууæ азы уæрæсейæгтæн æхгæд уыдысты бирæ бæстæтæ, уымæ гæсгæ адæм агуырдтой варианттæ. Сæ иу - Хуссар Ир. Уый махæн у хорз хабар", - загъта уый.
Хайады хистæры ныхæстæм гæсгæ, практикæ æвдисы, кæй фæфылдæр туристты хъусдард ахæм хуызтæм, куыд эко- æмæ этнотуризм, уæлдар популярондæр сты Хъелы æмæ Урстуалты кæмттæ.
Плиты Вадим ма радзырдта, туристты фылдæр хай кæй æрцæуы уалдзæг, сæрд æмæ фæззæджы. Зымæджы та, географион хиæдты тыххæй, нæ вæййы фадæттæ бирæ бæлццæттæ райсынæн.
"Цы цымыдис кæны туристты? Зæгъæм, уæрæсейæгты цымыдис кæны æрдз, фæсарæйнæгты - Хуссар Ир йæхæдæг куыд бæстæ, йæ культурæ, истори, адæм, цардуаг", - дзуры уый.
Министрады минæвар ма банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Иры ис уавæртæ эко- æмæ этнотуризмæн,хæххон туризмæн , фæлæ дзы курортон улæфтæн та нæй фаг инфраструктурæ.
Популярон гид Карсанты Гурам куыд фехъусын кодта, афтæмæй ресрубликæйы туризмы хъуыддаг бæрæг фæхуыздæр. Йæ нымадмæ гæсгæ, Хуссар Ирмæ ацы аз æрцыд фондз минæй фылдæр бæлццоны.