Хуссар Иры коронавирусӕй амард карджын нӕлгоймаг

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры коронавирусӕй амард карджын нӕлгоймаг
Хуссар Иры коронавирусӕй амард карджын нӕлгоймаг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.08.2021
Рафыссын
Рынчынӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕг хоскӕнынад афоныл сарӕзтой, фӕлӕ йын кар ӕмӕ низтӕ хынцгӕйӕ аирвӕзын кӕнын нӕ бантыст

ЦХИНВАЛ, 24 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны республикон медицинон центры инфекцион хайады амард карджын нӕлгоймаг дыццӕджы, фехъусын кодта Sputnik хайады хистӕр Джиоты Элеонора.

РБМЦ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.08.2021
Хуссар Иры медцентры коронавирусæй амард сылгоймаг

Бон раздӕр ма амард рынчындоны пациенттӕй ноджы иу - карджын сылгоймаг, кӕцы уыд коронавирусы инфекциимӕ.

"Дысон инфекцион хайады 87-аздзыд нӕлгоймаг ахицӕн йӕ цардӕй коронавирусы инфекциимӕ. Алцыдӕр ын афоныл сарӕзтой, фӕлӕ йын кар ӕмӕ низтӕ хынцгӕйӕ- проблемӕтӕ йын уыд йӕ зӕрдӕимӕ - аирвӕзын кӕнын нӕ бантыст", - загъта медик.

Уый ма бафтыдта, рынчынӕн йӕ рӕуджыты хъыгдард кӕй схызт ӕртыккг къӕпхӕнмӕ.

Ныридӕгӕн республикон медицинон центры инфекцион хайады хос кӕны 51 пациенты.

Ног хабӕртты лентӕ
0