Хуссар Иры парламенты вице-спикер радзырдта, кӕд бахиздзӕн йӕ тыхы вейпты фӕдыл закон

© Рixabay / DovpoВейп
Вейп - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.09.2021
Рафыссын
Парламент райста республикӕйы вейп-продукцийыл тобӕ сӕвӕрыны фӕдыл закон августы райдайӕны, сентябры райдайӕны та йӕ ӕрфыста паддзахады сӕргълӕууӕг. Законы дзырдӕуы, амалиуӕггӕнджытӕн кӕй дӕттынц ӕмгъуыд, цӕмӕй среализаци кӕной сӕ вейп-продукци
ЦХИНВАЛ, 7 сен – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент ивгъуыд къуыри бафыста закон электронон тамакотӕ ласын, аразын, парахат кӕнын ӕмӕ реализаци кӕныны фӕдыл. Амалиуӕггӕнджытӕн ис иу мӕй, цӕмӕй среализаци кӕной сӕ продукци, уый фӕстӕ закон бахиздзӕн йӕ тыхы, загъта йӕ интервьюйы Sputnik ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон политикӕйы фӕдыл парламентон комитеты сӕргълӕууӕг Плиты Александр.
Вэйп.  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.08.2021
Хуссар Иры тобӕ сӕвӕрдтой электронон тамакотыл
Парламент райста республикӕйы вейп-продукцийыл тобӕ сӕвӕрыны фӕдыл закон августы райдайӕны.
"Президент ӕрфыста закон ивгъуыд къуыри. Амалиуӕггӕнджытӕн нырма ис мӕй, цӕмӕй среализаци кӕной сӕ продукци", - загъта Плиты Александр.
Республикӕйы цалдӕр азы размӕ тобӕ сӕвӕрдтой энергетикон нозт ласын ӕмӕ реализаци кӕныныл, фӕлӕ сӕ кӕцыдӕр ӕмбӕстӕгтӕ нырма дӕр ласынц сӕхицӕн.
"Махӕн нӕ нысан у бахъахъхъӕнын фӕсивӕд ацы зианхӕссӕг продукцийӕ", - банысан кодта Плиты Александр.
Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, законы фехалыны фӕдыл ис административон ивартӕ 3 минӕй 100 мин сомы онг.
Ног хабӕртты лентӕ
0