Хуссар Иры театр байгом кӕндзӕн ног сезон

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры театр
Хуссар Иры театр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.09.2021
Рафыссын
Равдыстытӕ цӕудзысты хицауады архайгӕ барамындмӕ гӕсгӕ - залӕн йедзаг уыдзӕн ӕрмӕст йе 'мбис, ӕххӕст цӕудзысты эпидемиологон домӕнтӕ
ЦХИНВАЛ, 9 сен - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр 17 сентябры бакӕндзӕн ног театралон сезон спектакль "Юлий Цезарь"-ӕй, фехъусын кодта Sputnik уагдоны аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзудцаты Тамерлан.
Михаил Чумаченко - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.09.2021
Хуссар Иры паддзахадон театрмӕ ӕрхуыдтой уӕрӕсейаг режиссеры
Равдыстытӕ цӕудзысты хицауады архайгӕ барамындмӕ гӕсгӕ - залӕн йедзаг уыдзӕн ӕрмӕст йе 'мбис, ӕххӕст цӕудзысты эпидемиологон домӕнтӕ.
"Объективон аххосӕгтӕм гӕсгӕ геноцидӕн нывонд спектакль ныффӕстиат ис. Коронавирусы тыххӕй куыстӕй фӕиппӕрд сты цалдӕр сфӕлдыстадон кусӕджы. Уымӕ гӕсгӕ сезон кӕнӕм спектакль "Юлий Цезарь"-ӕй", - загъта Дзудцаты Тамерлан.
Уый ма бафтыдта, ацы спектакль ногӕй кӕй сӕндидзын кодтой ацы уалдзӕджы.
"Спектакль ныр уыдзӕн театры репертуары. Сӕндидзыны фӕстӕ йӕ фыццаг равдыстой Мӕскуыйы", - бафтыдта уый.
Аивадон къухдариуӕггӕнӕг ма радзырдта, ног сезоны фыццаг дыууӕ мӕйы репертуар кӕй у бӕрӕг - ӕвдыст цӕудзысты "Къоста", "Дон Жуан", "Ды мӕ куы уарзай", "Сӕтти ӕмӕ Бӕтти" ӕмӕ цалдӕр аргъауы.  
Уагдоны ма бафтыдтой, спектакльтӕм билетты ӕргътӕ дӕр кӕй нӕ фӕивтой - раздӕрау сты 150-200 сомы, премьерон равдыстмӕ та -300 сомы.
Ног хабӕртты лентӕ
0