https://sputnik-ossetia.com/20210910/Tskhinvaly-medtsentry-dokhtyrt-auagtoy-syvlltty-profilaktikon-basgrst-Leningory-12786706.html
Цхинвалы медцентры дохтыртӕ ауагътой сывӕллӕтты профилактикон басгӕрст Ленингоры
Цхинвалы медцентры дохтыртӕ ауагътой сывӕллӕтты профилактикон басгӕрст Ленингоры
Sputnik Хуссар Ирыстон
Профилактикон мадзӕлтты фӕлгӕтты дохтыртӕ басгарынц сывӕллӕтты Хуссар Ирыстоны районты 10.09.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-09-10T11:13+0300
2021-09-10T11:13+0300
2021-09-10T10:25+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/09/0a/12786326_0:83:1600:983_1920x0_80_0_0_8d00148a4ce688ff455281e132eeff1b.jpg
ЦХИНВАЛ, 10 сен - Sputnik. Республикон бирӕпрофилон медицинон центры (РБМЦ) дохтырты бригадӕ ауагъта Ленингоры поселочы сывӕллӕтты профилактикон басгӕрст, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ."Басгӕрст рацыдысты 50 сывӕллоны, сӕ нымӕцы Ленингоры сывӕллӕтты хӕдзары 20 хъомылгӕнинаджы. Дохтырты бригадӕйы сконды сты: сӕйраг педиатр, дохтыр-сывӕллӕтты хирург, дохтыр-офтальмолог, отоларинголог, УЗИ диагностикӕйы дохтыр ӕмӕ стоматолог", - дзырдӕуы хъусинаджы.Дохтырты снысан кодтой низтимӕ сывӕллӕттӕн диспансерон хъусдард ӕмӕ ӕмбӕлон хоскӕнынад.Афтӕ ма медицинон бригадӕ ауадздзӕн профилактикон басгӕрст Дзауы поселочы, уый фӕстӕ та республикӕйы ӕндӕр районты цӕрджыты диспансеризаци.
https://sputnik-ossetia.com/20210909/Urseyag-mikrokhirurg-auadzdzn-narg-konsultatsit-m-operatsit-Tskhinvaly-12783885.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/09/0a/12786326_90:0:1510:1065_1920x0_80_0_0_771c9b4f89e252c06d5db951b2d98c24.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Цхинвалы медцентры дохтыртӕ ауагътой сывӕллӕтты профилактикон басгӕрст Ленингоры
Профилактикон мадзӕлтты фӕлгӕтты дохтыртӕ басгарынц сывӕллӕтты Хуссар Ирыстоны районты
ЦХИНВАЛ, 10 сен - Sputnik. Республикон бирӕпрофилон медицинон центры (РБМЦ) дохтырты бригадӕ ауагъта Ленингоры поселочы сывӕллӕтты профилактикон басгӕрст, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.
"Басгӕрст рацыдысты 50 сывӕллоны, сӕ нымӕцы Ленингоры сывӕллӕтты хӕдзары 20 хъомылгӕнинаджы. Дохтырты бригадӕйы сконды сты: сӕйраг педиатр, дохтыр-сывӕллӕтты хирург, дохтыр-офтальмолог, отоларинголог, УЗИ диагностикӕйы дохтыр ӕмӕ стоматолог", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Дохтырты снысан кодтой низтимӕ сывӕллӕттӕн диспансерон хъусдард ӕмӕ ӕмбӕлон хоскӕнынад.
Афтӕ ма медицинон бригадӕ ауадздзӕн профилактикон басгӕрст Дзауы поселочы, уый фӕстӕ та республикӕйы ӕндӕр районты цӕрджыты диспансеризаци.