https://sputnik-ossetia.com/20210909/Urseyag-mikrokhirurg-auadzdzn-narg-konsultatsit-m-operatsit-Tskhinvaly-12783885.html
Уӕрӕсейаг микрохирург ауадздзӕн ӕнӕаргъ консультацитӕ ӕмӕ операцитӕ Цхинвалы
Уӕрӕсейаг микрохирург ауадздзӕн ӕнӕаргъ консультацитӕ ӕмӕ операцитӕ Цхинвалы
Sputnik Хуссар Ирыстон
Медицинон зонӕдты кандидат Андрей Жигало ӕрцӕудзӕн республикӕмӕ Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады ӕрхуындӕй. Уый размӕ йын йӕ балц аргъӕвтой коронавирусы... 09.09.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-09-09T13:24+0300
2021-09-09T13:24+0300
2021-09-09T13:16+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/07/07/12475707_0:0:3072:1728_1920x0_80_0_0_34fb2f00aac935c9987566013eb3f4d0.jpg
ЦХИНВАЛ, 9 сен - Sputnik. Уӕрӕсейаг хирург, медицинон зонӕдты кандидат, Петербургаг медцентр СОГАЗ-ы ӕрмыты хирургийы центры разамонӕг Андрей Жигало райсдзӕн пациентты Цхинвалы Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады ӕрхуындӕй, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.Пациентты исдзысты 11 сентябры 17.00 сахатӕй ӕмӕ 12 сентябры 9.00 сахатӕй Республикон бирӕпрофилон медицинон центры (РБМЦ) травматологийы дӕлхайады 2 уӕладзыгыл."Хуссар Ирыстоны пациенттӕн фадат уыдзӕн райсын ӕххуыс иу балцы хоскӕнынады фӕлгӕтты ӕрмыты низты дунейон методикӕтӕм гӕсгӕ. Кӕд уын уӕ ӕрмытимӕ проблемӕтӕ ис, уӕд ӕнӕмӕнгӕй ӕбацӕут", - фехъусын кодтой Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады.Уагдоны банысан кодтой, ӕнӕаргъ консультацитӕй дарддӕр кӕй араздзысты операцитӕ дӕр. Уӕрӕсейаг дохтыры ассистент уыдзӕн РБМЦ травматологийы хирург Козаты Дмитрий.
https://sputnik-ossetia.com/20210707/Urseyag-mikrokhirurgy-rtsyd-Khussar-Irm-argvtoy-COVID-19-im-uavry-tykhkhy-12476279.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/07/07/12475707_341:0:3072:2048_1920x0_80_0_0_9480f99d394873736b0d54fc6420c4da.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Уӕрӕсейаг микрохирург ауадздзӕн ӕнӕаргъ консультацитӕ ӕмӕ операцитӕ Цхинвалы
Медицинон зонӕдты кандидат Андрей Жигало ӕрцӕудзӕн республикӕмӕ Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады ӕрхуындӕй. Уый размӕ йын йӕ балц аргъӕвтой коронавирусы фӕдыл ӕвзӕр уавӕры тыххӕй
ЦХИНВАЛ, 9 сен - Sputnik. Уӕрӕсейаг хирург, медицинон зонӕдты кандидат, Петербургаг медцентр СОГАЗ-ы ӕрмыты хирургийы центры разамонӕг Андрей Жигало райсдзӕн пациентты Цхинвалы Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады ӕрхуындӕй, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
Пациентты исдзысты 11 сентябры 17.00 сахатӕй ӕмӕ 12 сентябры 9.00 сахатӕй Республикон бирӕпрофилон медицинон центры (РБМЦ) травматологийы дӕлхайады 2 уӕладзыгыл.
"Хуссар Ирыстоны пациенттӕн фадат уыдзӕн райсын ӕххуыс иу балцы хоскӕнынады фӕлгӕтты ӕрмыты низты дунейон методикӕтӕм гӕсгӕ. Кӕд уын уӕ ӕрмытимӕ проблемӕтӕ ис, уӕд ӕнӕмӕнгӕй ӕбацӕут", - фехъусын кодтой Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады.
Уагдоны банысан кодтой, ӕнӕаргъ консультацитӕй дарддӕр кӕй араздзысты операцитӕ дӕр. Уӕрӕсейаг дохтыры ассистент уыдзӕн РБМЦ травматологийы хирург Козаты Дмитрий.