Хуссар Иры театрӕн ӕвӕрццаг аргъ скодтой национ театрты фестивалы

© Sputnik / Наталья АйриянТеатр
Театр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.09.2021
Рафыссын
Ӕппӕтуӕрӕсейон фестиваль "Федерация"-йы архайынц 14 национ театры, равдыстты нымӕцы уыд Дзудцаты Тамерланы "Юлий Цезарь"
ЦХИНВАЛ, 15 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр райста национ театрты ӕппӕтуӕрӕсейон фестиваль "Федерация"-йы диплом. Спектакль "Юлий Цезарь"-ы актертӕй аивадон совет рахицӕн кодта Джиоты Сослан, Бибылты Сослан ӕмӕ Гаглойты Эдуарды архайд, фехъусын кодта Sputnik уагдоны аивадон разамонӕг Дзудцаты Тамерлан.
Труппӕ афӕндараст ис къуырисӕры, абон ПДТ раздӕхт фӕстӕмӕ, ӕвахс бонты Цхинвалы бакӕндзысты ног юбилейон театралон сезон.
"Уый уыд Уӕрӕсейы хуыздӕр национ театрты фестиваль, ӕнӕ конкурсон нывӕзтӕй. Хуссар Ирыстоны труппӕ райста хайадисӕджы диплом. Аивадон совет уӕлдай зӕрдӕмӕдзӕугӕйыл банымадта артисттӕ Бибылты Сослан, Джиоты Сослан ӕмӕ Гаглойты Эдуарды архайд спектакль "Юлий Цезарь"-ы", - загъта Дзудцаты Тамерлан.
Спектаклӕй дарддӕр ма Хуссар Ирыстоны делегацийы уӕнгтӕ ссисты режиссерты баттлы хайадисӕг. Йӕ темӕ у "Национальный театр в поисках идеала".
РХИ театр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.09.2021
Хуссар Иры театры кусджытӕ сӕ квалификаци фӕбӕрзонддӕр кӕндзысты Мӕскуыйы
Аивадон советы сконды сты Уӕрӕсейы театралон архайджыты нымӕрдар, журнал "Сцена"-йы сӕйраг редактор Дмитрий Родионов ӕмӕ театралон критик, экспертон советы уӕнг Нина Карпова.
Фестивалы фæлгæтты ма ацæудзæн Нина Карповайы мастер-класс "Медиапространство как среда социального взаимодействия", сфæлдыстадон фембæлдтæ номдзыд артисттæ Юрий Васильев æмæ Ольга Кабоимæ. Уымæй дарддæр ма ауадздзысты тымбыл фынг "Перспективы национальных театров на российских и международных фестивалях".
Культурон мадзал ацӕудзӕн Цӕцӕны 11-19 сентябры, йӕ организатортӕ сты Уӕрӕсейы театралон архайджыты цӕцӕйнаг хайад. Мадзал цӕудзӕн Ханапши Нурадиловы номыл Цӕцӕны театры
 
Ног хабӕртты лентӕ
0