https://sputnik-ossetia.com/20210922/Dyguyzty-Zlin-zonadon-kuyst-ravzrston-analitikon-zondakhasty-tykhkhy-12781410.html
Дыгъуызты Зæлинæ: зонадон куыст равзæрстон аналитикон зондахасты тыххæй
Дыгъуызты Зæлинæ: зонадон куыст равзæрстон аналитикон зондахасты тыххæй
Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны Зонад-Иртасæн институты кусæг, литературон преми "Булæмæргъ"-ы лауреат Дыгъуызты Зæлинæ радио Sputnik эфиры радзырдта, зонадон фадыг куыд... 22.09.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-09-22T15:43+0300
2021-09-22T15:43+0300
2021-09-22T13:04+0300
радио иронау
радио
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/949/43/9494349_0:0:3071:1736_1920x0_80_0_0_cf0bc67e38946dc89511bdc7ede50a50.jpg
Дыгъуызты Залина: зонадон куыст равзæрстон аналитикон зондахасты тыххæй
Sputnik Хуссар Ирыстон
Дыгъуызты Залина: зонадон куыст равзæрстон аналитикон зондахасты тыххæй
Дыгъуызты Зæлинæ - Хуссар Ирыстоны Зонад-Иртасæн институты æвзонг специалист, равзæрста ирон æвзагзонынадон къабаз. Зæлинæ каст фæци ирон-персайнаг факультет. Йæ ныхæстæм гæсгæ, зонадон къабаз равзарын ын бауынаффæ кодтой коллегæтæ йæ аналитикон зондахасты тыххæй."Фæндзæм курсы куы уыдтæн, уæд универститеты раздæры ректор Кокойты Таймураз арæзта энциклопедион дзырдуат æмæ мæм бахатыд, цæмæй йын баххуыс кæнон. Уыцы рæстæджы фæхатыдтæн, кæй мæм ис зонады 'рдæм патенциал æмæ мæ бон кæй суыдзæн кусын", - загъта Зæлинæ.Æвзонг специалист куыд банысан кодта, афтæмæй зонадон къабаз куы равзæрста, уæд æй фыццаг цымыдис кодта синтаксис, уымæн æмæ ирон-персайнаг факультеты ахуыргæнгæйæ сбæрæг кодта бирæ æнгæсдзинæдтæ дыууæ æвзаджы."Иу аз куы акуыстон Зонад-Иртасæн институты, уæд мæ арвыстой уæлæмхас ахуырмæ Мæскуымæ. Уый æз нымайын стыр хæрзиуæгыл, уымæн æмæ мын уым байгом ис æцæг зонады дуне", - бафиппайдта Дыгъуызон.Мæскуыйы фæстæ Дыгъуызон зонадон хъусдард аздæхта лексикологимæ, уымæн æмæ йæ дзырдты равзæрд æмæ этимологи тынгдæр бацымыдис кодта.Лæмбынæгдæр хъусут аудиоæрмæджы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/949/43/9494349_0:0:3071:1930_1920x0_80_0_0_70e2fc60b1a64011416f6a3e3d225835.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
радио иронау , радио
Дыгъуызты Зæлинæ: зонадон куыст равзæрстон аналитикон зондахасты тыххæй
Хуссар Ирыстоны Зонад-Иртасæн институты кусæг, литературон преми "Булæмæргъ"-ы лауреат Дыгъуызты Зæлинæ радио Sputnik эфиры радзырдта, зонадон фадыг куыд равзæрста, уый тыххæй
Дыгъуызты Зæлинæ - Хуссар Ирыстоны Зонад-Иртасæн институты æвзонг специалист, равзæрста ирон æвзагзонынадон къабаз. Зæлинæ каст фæци ирон-персайнаг факультет. Йæ ныхæстæм гæсгæ, зонадон къабаз равзарын ын бауынаффæ кодтой коллегæтæ йæ аналитикон зондахасты тыххæй.
"Фæндзæм курсы куы уыдтæн, уæд универститеты раздæры ректор Кокойты Таймураз арæзта энциклопедион дзырдуат æмæ мæм бахатыд, цæмæй йын баххуыс кæнон. Уыцы рæстæджы фæхатыдтæн, кæй мæм ис зонады 'рдæм патенциал æмæ мæ бон кæй суыдзæн кусын", - загъта Зæлинæ.
Æвзонг специалист куыд банысан кодта, афтæмæй зонадон къабаз куы равзæрста, уæд æй фыццаг цымыдис кодта синтаксис, уымæн æмæ ирон-персайнаг факультеты ахуыргæнгæйæ сбæрæг кодта бирæ æнгæсдзинæдтæ дыууæ æвзаджы.
"Иу аз куы акуыстон Зонад-Иртасæн институты, уæд мæ арвыстой уæлæмхас ахуырмæ Мæскуымæ. Уый æз нымайын стыр хæрзиуæгыл, уымæн æмæ мын уым байгом ис æцæг зонады дуне", - бафиппайдта Дыгъуызон.
Мæскуыйы фæстæ Дыгъуызон зонадон хъусдард аздæхта лексикологимæ, уымæн æмæ йæ дзырдты равзæрд æмæ этимологи тынгдæр бацымыдис кодта.
Лæмбынæгдæр хъусут аудиоæрмæджы.