Хуссар Иры хӕхты сбирӕ ис сырдты нымӕц

© PixabayСаг
Саг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.10.2021
Рафыссын
Республикӕйы ӕппӕт районты хъӕдты ӕмӕ хӕхты сбирӕ сты, сӕгуыт, саг ӕмӕ сычъиты дзугтӕ, зынгӕ фӕфылдӕр ис арсы мыггаг, ӕвӕрд бынаты ӕмбӕлынц хъӕддаг хуыты рӕгъӕуттӕ
ЦХИНВАЛ, 1 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны цуанонтӕ сырд кӕй нал цӕгъдын, уый фӕрцы сбирӕ ис сӕ мыггаг хӕхты ӕмӕ хъӕдты, фехъусын кодта Sputnik ӕрдзон ресурсты комитеты хистӕр Бестауты Бала.
Уæздан саг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.12.2019
Популяци сæндидзын кæнынæн: Цæгат Иры ауагътой уæздан сагты
Республикӕйы ӕппӕт районты хъӕдты ӕмӕ хӕхты сбирӕ сты, сӕгуыт, саг ӕмӕ сычъиты дзугтӕ, зынгӕ фӕфылдӕр ис арсы мыггаг, ӕвӕрд бынаты ӕмбӕлынц хъӕддаг хуыты рӕгъӕуттӕ.
"Нӕ егерьтӕ сагты дзугтӕ фенынц Зонкъары рдыгӕй, уыцы бынатӕй ахастысты Ленингоры районы хӕхтӕм, уым ныллӕгдӕр бынат кӕй у, уымӕ гӕсгӕ, сӕй сын ис хизӕн бынӕттӕ. Сӕгуыт ӕмӕ сычъи ис республикикӕйы ӕппӕт районты дӕр. Зынгӕ сбирӕ сты ӕрсытӕ", - загъта Бестауты Бала.
Уый ма бафтыдта, Хуссар Ирыстоны хъӕддаг хуыты нымӕц дӕр ахызт 100-йӕ.
"Хъӕддаг хуытӕ цӕрынц ӕрмӕст Зонкъары ӕвӕрд бынаты",- загъа уый.
Уый ма бафтыдта, ӕвӕрццаг ивындзинӕдтӕ баст сты цуанонтӕ кӕй нал цӕгъдынц сырд, уыимӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0