https://sputnik-ossetia.com/20211004/Khussar-Iry-fendtag-kuymm-arazynts-fndag-12900146.html
Хуссар Иры фендтаг къуыммӕ аразынц фӕндаг
Хуссар Иры фендтаг къуыммӕ аразынц фӕндаг
Sputnik Хуссар Ирыстон
Арӕзтадон куыстытӕ сцайдагъ сты Дзауы районы Борджнисы хъӕумӕ, цы ран арӕзт цӕуы рагон ирон хӕдзары ӕнгӕс музей 04.10.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-10-04T15:14+0300
2021-10-04T15:14+0300
2021-10-04T15:44+0300
ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0a/04/12899616_0:0:1600:900_1920x0_80_0_0_185da48e841fbec5034933ce19b8150b.jpg
ЦХИНВАЛ, 4 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Борджнисы хъӕумӕ сцайдагъ ис фӕндагарӕзтад. Районы администрацийы цӕрӕн-коммуналон хӕдзарады кусджытӕ уӕрӕх кӕнынц фӕндаг ӕмӕ раст кӕнынц ӕвзӕрвадат бынӕттӕ, фехъусын кодта Sputnik уыцы комӕй рацӕугӕ ӕхсӕнадон архайӕг Бететы Юрий.Бететы Юрий ма бафтыдта, ныр кӕй фӕрогдӕр уыдзӕн бӕлццӕттӕн сӕ фӕндаг."Октябры мӕйы хъӕуы банысан кӕндзыстӕм дзуары бон, уӕдмӕ йӕ ныфс дӕттынц саразынӕй. Ӕртӕ азы ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм фӕндагарӕзтады фарны хабармӕ. Бузныг дзурын районы хистӕр Джиоты Андрей ӕмӕ районы администрацийы кусджытӕ Хъотайты Сӕрмӕт ӕмӕ Цхуырбаты Тамерланӕн",- бафтыдта уый.Дзауы районы Борджнисы хъӕуы цӕрджытӕ бирӕ нал ис, фӕлӕ йӕ ном айхъуыст, уыцы комы Бететы Юрий бындур куы ӕрӕвӕрдта этникон къуымӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0a/04/12899616_200:0:1400:900_1920x0_80_0_0_b18a58ffc18ee219f843385fe5f0a005.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны
Хуссар Иры фендтаг къуыммӕ аразынц фӕндаг
15:14 04.10.2021 (Ранӕуӕггонд: 15:44 04.10.2021) Арӕзтадон куыстытӕ сцайдагъ сты Дзауы районы Борджнисы хъӕумӕ, цы ран арӕзт цӕуы рагон ирон хӕдзары ӕнгӕс музей
ЦХИНВАЛ, 4 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Борджнисы хъӕумӕ сцайдагъ ис фӕндагарӕзтад. Районы администрацийы цӕрӕн-коммуналон хӕдзарады кусджытӕ уӕрӕх кӕнынц фӕндаг ӕмӕ раст кӕнынц ӕвзӕрвадат бынӕттӕ, фехъусын кодта Sputnik уыцы комӕй рацӕугӕ ӕхсӕнадон архайӕг Бететы Юрий.
"Сцайдагъ ис ӕхсӕнадон ӕмӕ паддзахадон ӕмгуыстад. Ӕз самадтон музей-ирон хӕдзар, уый суыдзӕн районы фендтаг бынӕттӕй иу, уыдон та сӕхи рдыгӕй кусынц йӕ инфраструктурӕйыл", - загъта уый.
Бететы Юрий ма бафтыдта, ныр кӕй фӕрогдӕр уыдзӕн бӕлццӕттӕн сӕ фӕндаг.
"Октябры мӕйы хъӕуы банысан кӕндзыстӕм дзуары бон, уӕдмӕ йӕ ныфс дӕттынц саразынӕй. Ӕртӕ азы ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм фӕндагарӕзтады фарны хабармӕ. Бузныг дзурын районы хистӕр Джиоты Андрей ӕмӕ районы администрацийы кусджытӕ Хъотайты Сӕрмӕт ӕмӕ Цхуырбаты Тамерланӕн",- бафтыдта уый.
Дзауы районы Борджнисы хъӕуы цӕрджытӕ бирӕ нал ис, фӕлӕ йӕ ном айхъуыст, уыцы комы Бететы Юрий бындур куы ӕрӕвӕрдта этникон къуымӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ.


