Хуссар Иры фендтаг къуыммӕ аразынц фӕндаг

© Из личного архива Юрия БетееваХуссар Иры фендтаг къуыммӕ аразынц фӕндаг
Хуссар Иры фендтаг къуыммӕ аразынц фӕндаг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.10.2021
Рафыссын
Арӕзтадон куыстытӕ сцайдагъ сты Дзауы районы Борджнисы хъӕумӕ, цы ран арӕзт цӕуы рагон ирон хӕдзары ӕнгӕс музей
ЦХИНВАЛ, 4 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Борджнисы хъӕумӕ сцайдагъ ис фӕндагарӕзтад. Районы администрацийы цӕрӕн-коммуналон хӕдзарады кусджытӕ уӕрӕх кӕнынц фӕндаг ӕмӕ раст кӕнынц ӕвзӕрвадат бынӕттӕ, фехъусын кодта Sputnik уыцы комӕй рацӕугӕ ӕхсӕнадон архайӕг Бететы Юрий.
"Сцайдагъ ис ӕхсӕнадон ӕмӕ паддзахадон ӕмгуыстад. Ӕз самадтон музей-ирон хӕдзар, уый суыдзӕн районы фендтаг бынӕттӕй иу, уыдон та сӕхи рдыгӕй кусынц йӕ инфраструктурӕйыл", - загъта уый.
Бететы Юрий ма бафтыдта, ныр кӕй фӕрогдӕр уыдзӕн бӕлццӕттӕн сӕ фӕндаг.
© Из личного архива Юрия БетееваБорджнисы хъӕу
Дорожники ремонтируют в село Борджнис дорогу  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2021
Борджнисы хъӕу
"Октябры мӕйы хъӕуы банысан кӕндзыстӕм дзуары бон, уӕдмӕ йӕ ныфс дӕттынц саразынӕй.  Ӕртӕ азы ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм фӕндагарӕзтады фарны хабармӕ. Бузныг дзурын районы хистӕр Джиоты Андрей ӕмӕ районы администрацийы кусджытӕ Хъотайты Сӕрмӕт ӕмӕ Цхуырбаты Тамерланӕн",- бафтыдта уый.
Дзауы районы Борджнисы хъӕуы цӕрджытӕ бирӕ нал ис, фӕлӕ йӕ ном айхъуыст, уыцы комы Бететы Юрий бындур куы ӕрӕвӕрдта этникон къуымӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ.
© Из личного архива Юрия БетееваБорджнисы хъӕу
Борджнисы хъӕу - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Борджнисы хъӕу
© Из личного архива Юрия БетееваБорджнисы хъӕу
Борджнисы хъӕу - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3
Борджнисы хъӕу
© Из личного архива Юрия БетееваБорджнисы хъӕу
Борджнисы хъӕу - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/3
Борджнисы хъӕу
1/3
Борджнисы хъӕу
2/3
Борджнисы хъӕу
3/3
Борджнисы хъӕу
Ног хабӕртты лентӕ
0