Хуссар Иры столицӕйы фӕзынд ӕвзӕрст быроны асыччытӕ

© Sputnik / Фатима ПлиеваХуссар Иры столицӕйы фӕзынд ӕвзӕрст быроны асыкктӕ
Хуссар Иры столицӕйы фӕзынд ӕвзӕрст быроны асыкктӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.10.2021
Рафыссын
Фирмӕ Хуссар Ирыстоны архайы ныр ӕрдӕгазӕй фылдӕр, ацы ӕмгъуыд уыдон аластой республикӕйӕ территорийӕ 100 тонны бӕрц бырон
ЦХИНВАЛ, 12 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Быроны рацарӕзты фирмӕ "Читстый мир"-ы хъӕппӕрисӕй Хуссар Ирыстоны столицӕйы уынгты сӕвӕрдтой бырондӕттӕ гӕххӕт, пластик ӕмӕ алюминийӕн, фехъусын кодта Sputnik амалиуӕгады кусӕг Плиты Константин.
Бафснайӕм нӕ ӕрдз - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.06.2021
Бафснайӕм нӕ ӕрдз: Хуссар Иры фӕсивӕды хонынц дыккаг экологион акцимӕ
Фирмӕ Хуссар Ирыстоны архайы ныр ӕрдӕгазӕй фылдӕр, ацы ӕмгъуыд уыдон республикӕйы территорийӕ аластой 100 тонны бӕрц бырон - фондз хӕдтулгӕйы дзаг.
"Нӕ амалиуӕгад у социалон ӕмӕ коммерцион. Сӕвӕрдтам столицӕйы территорийыл 15 бырондоны ӕвзӕрст быронӕн. Кӕцыдӕрты ныппырх кӕнынц адӕм, фӕлӕ хъуыддаг срӕвдз ис", - радзырдта уый.
Плиты Константины ныхӕстӕм гӕсгӕ, бырон ӕвзарыны куыст ныббиноныг кӕныны хъуыддаг разынд, куыд хъуыды кодтой, уымӕй зындӕр.
"Мах куыд хъуыды кодтам, уымӕй хъуыддаг разынд зындӕр, фӕлӕ алцӕмӕн дӕр ис саразӕн. Иу азы ӕмгъуыдмӕ куыст афтӕ сӕвӕрын гӕнӕн ис ӕмӕ быроны 80 проценты лас цӕуа", - бафтыдта уый.
Уӕдӕй нырмӕ фирмӕйы кусджытӕ бынӕттон экологион организациимӕ ауагътой цалдӕр акцийы. Сӕ архайджытӕ свӕййынц скъоладзаутӕ ӕмӕ хистӕр кары адӕм. Уыдон канд быронӕй нӕ сыгъдӕг кӕнынц ӕрдз ӕмӕ столицӕ, фӕлӕ ма фидар кӕнынц рӕзгӕ фӕлтӕрты хсӕн алфӕмблайы сыгъдӕгдзинадмӕ аудгӕ ахаст.
© Sputnik / Фатима ПлиеваХуссар Иры столицӕйы фӕзынд ӕвзӕрст быроны асыкктӕ
Урны для вторсырья  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2021
Хуссар Иры столицӕйы фӕзынд ӕвзӕрст быроны асыкктӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0