Хуссар Иры ӔХМ сӕргълӕууӕг радта ног фӕдзӕхсттӕ "сырх зонӕйы" басгӕрсты фӕстӕ

© Facebook / Минздрав РЮОРБМЦ инфекцион рынчындон
РБМЦ инфекцион рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.10.2021
Рафыссын
Афтӕ ма ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад баныхас кодта Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрадимӕ, цӕмӕй сын радтой уагдоны цалдӕр кусӕджы, кӕцытӕ ӕххуыс кӕндзысты уӕззау рынчынты ласынӕн
ЦХИНВАЛ, 14 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министр дыууӕ боны дӕргъы, 11 ӕмӕ 12 октябры, басгӕрста Республикон бирӕпрофилон медицинон центры (РБМЦ) инфекцион хайады "сырх зонӕ", кӕцыйы рӕстӕджы сбӕрӕг кодта фиппаинӕгтӕ.
Хуссар Иры уӕрӕх кӕнынц сырх зонӕ коронавирусӕй рынчынты нымӕцы фӕфылдӕры тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.10.2021
Хуссар Иры уӕрӕх кӕнынц "сырх зонӕ" коронавирусӕй рынчынты нымӕцы фӕфылдӕры тыххӕй
Басгӕрсты хатдзӕгтӕм гӕсгӕ, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр радта фӕдзӕхсттӕ разамонджытӕн, кӕцытӕ бӕрнон сты коронавирусӕй рынчынтӕн ӕхуысс сорганизаци кӕнынӕн.
Наниты Сослан бахӕс кодта дӕттын ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадмӕ ӕрвылбонон хыгъдлӕвӕрдтӕ инфекцион хайады медицинон препараттӕ ӕмӕ сӕрмагонд хъахъхъӕнынады фӕрӕзты уӕвындзинады фӕдыл. Афтӕ ма снысан кодтой дезинфекцион мадзӕлтты дырыс рӕстӕг ӕмӕ хъусдард сӕ ӕххӕст кӕнынмӕ.
COVID-19-ӕй рынчынтӕн уӕлӕмхасӕн бынӕттӕ бакодтой инфекцион хайады ӕртыккаг уӕладзыгыл.
Афтӕ ма ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад баныхас кодта Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрадимӕ, цӕмӕй сын радтой уагдоны цалдӕр кусӕджы, кӕцытӕ ӕххуыс кӕндзысты уӕззау рынчынты ласынӕн.
Уагдоны ма фехъусын кодтой, ныртӕккӕ кӕй цӕттӕ кӕнынц сӕвӕрын уаргъ ӕмӕ пассижирон лифттӕ инфекцион хайады.
Ног хабӕртты лентӕ
0