Йӕ цардӕй ахицӕн Хуссар Иры Адӕмон артисткӕ Галуанты Людмила

Галуанты Людмила - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.10.2021
Рафыссын
Галуанты Людмила йӕ цард снывонд кодта театрӕн, кӕцыйы сценӕйыл уый сӕххӕст кодта бирӕ ирд фӕлгонцтӕ
ЦХИНВАЛ, 20 окт – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны уӕззау низы фӕстӕ йӕ цардӕй ахицӕн хуссарирыстойнаг интеллигенцийы ирд минӕвар, республикӕйы Адӕмон артисткӕ Галуанты Людмила. Уый йӕ цардӕй ахицӕн ӕртыццӕджы 85-аздзыдӕй.
Дзудцаты Тамерлан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.02.2021
Дзудцаты Тамерлан: Галуанты Люда у Ирыстоны стъалытæн се 'стырдæр
Галуанты Людмила йӕ цард снывонд кодта театрӕн, кӕцыйы сценӕйыл уый сӕххӕст кодта бирӕ ирд фӕлгонцтӕ.
Галуанты Людмилайы уацмыстӕ ӕмӕ фӕлгонцтӕ сты зындгонд Ирыстоны, йӕ ӕмдзӕвгӕтӕ йын ахуыр кӕнынц фӕсивӕд ӕмӕ хистӕр кары адӕм дӕр. Йӕ лирикон рӕнхъытӕ хӕсты тыххӕй ссисты зындгонд зарджыты бындур.
Галуанты Людмила зындгонд у ӕрмӕст йӕ литературон сфӕлдыстад ӕмӕ театры фӕлгонцтӕй нӕ – ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм ӕзты уый уыд гоймӕгты рӕнхъыты, кӕцытӕ арӕзтой Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинад. Галуанты Людмила уыд фыццаг ӕрсидты парламенты депутат.
Ног хабӕртты лентӕ
0