Уавӕр хъӕуы фӕивын: дохтыр Германийӕ вакцинацийы темпты тыххӕй Хуссар Иры

© Sputnik / Антон Денисов /  Ахизын медиабанкмæВакцинаци
Вакцинаци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.10.2021
Рафыссын
Реанимацион хъуыддаджы фӕдыл дохтыр-координатор Андреас Шиффманн ӕрцыд республикӕмӕ Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады ӕрхуындӕй
ЦХИНВАЛ, 25 окт - Sputnik, Козаты Диана. Дохтыр-координатор реанимацион хъуыддаджы фӕдыл Андреас Шиффманн радзырдта брифингыл РБМЦ инфекцион хайады "сырх зонӕйы" уавӕры тыххӕй.
Хуссар Иры уӕрӕх кӕнынц сырх зонӕ коронавирусӕй рынчынты нымӕцы фӕфылдӕры тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.10.2021
Хуссар Иры уӕрӕх кӕнынц "сырх зонӕ" коронавирусӕй рынчынты нымӕцы фӕфылдӕры тыххӕй
Специалист ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сосланы ӕрхуындӕй, цӕмӕй базонгӕ уа уавӕримӕ ӕмӕ банхъара, цы гӕнӕн ис фӕивын ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фадыджы коронавирусы пандемийы ныхмӕ тохы хъуыддаджы.
"Сабаты бабӕрӕг кодтой "сырх зонӕ" ӕмӕ фӕдис дӕн, куыд хорз тырнынц куыстмӕ дохтыртӕ ӕмӕ медицинон хотӕ", - загъта Шиффманн.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ис фиппаинӕгтӕ дӕр, кӕцытӕ хъӕуы фӕхуыздӕр кӕнын.
Шиффманн банысан кодта, кӕй базонгӕ ис вакцинацийы ӕмвӕзадимӕ дӕр, ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыдысты кампанийы ныллӕг темптӕ.
"Уый иттӕг раст нӕу. Фӕлӕ вакцинацимӕ адӕм хъуамӕ ӕмбаргӕйӕ бацӕуой, тыхӕй аразын ницы хъӕуы. Социалон бӕрндзинады фӕлгӕтты вакцинаци ӕнӕмӕнг хъӕуы рацӕуын", - фехъусын кодта медик.
Афтӕ ма дохтыр йӕ хъус ӕрдардта медиктӕй бирӕтӕ прививкӕ кӕй сарӕзтой, уымӕ. Шиффманн банысан кодта, вирусон уаргъӕвӕрд ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынадыл кӕй ис стыр, ӕмӕ не мбары, медиктӕ вакцинаци кӕй рацыдысты, уый.
Афтӕ ма, сепциалисты хъуыдымӕ гӕсгӕ, дохтырты арӕх хъыгдары пациенты хиуӕттӕ уӕлбӕрц хъусдард.
"Федтон фиппаинӕгтӕ Тагъд медицинон ӕххуысы службӕйы куысты дӕр. Ис нӕм хъуыды, цӕмӕй бакӕнӕм процессмӕ ӕфсӕддон фельдшерты, цӕмӕй фенцондӕр кӕнӕм тагъд ӕххуысы дохтырты куыст", - бафтыдта Андреас Шиффманн.
Специалист ма баныфсӕвӕрдта, уый кӕй нӕ уыд йӕ фӕстаг балц Хуссар Ирыстонмӕ, Шиффманн дарддӕр дӕр цӕттӕ у ӕххуыс кӕнын йӕ коллегӕтӕн республикӕйы.
Ног хабӕртты лентӕ
0