Фӕлтӕрддзинады дих: Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы сывӕллӕтты омбудсментӕ ӕрдзырдтой ӕмгуыстадыл

© Sputnik / Диана Козаева Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы сывӕллӕтты омбудсментӕ ӕрдзырдтой ӕмгуыстадыл
 Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы сывӕллӕтты омбудсментӕ ӕрдзырдтой ӕмгуыстадыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.10.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны сывӕллӕтты омбудсмен Цхуырбаты Татьяна ауагъта видеоконференци йӕ абхазаг коллегӕ Мактина Джинджолияимӕ.
Абхазы ацы куыстбынат фӕзынд ӕрӕджы, уымӕ гӕсгӕ Джинджолия ссис сывӕллӕтты барты фӕдыл фыццаг ӕххӕстбарджын.
Хуссар Иры сывӕллӕтты омбудсмен аскъуыддзаг кодта иунӕг мады цӕрӕнуатон проблемӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.04.2021
Хуссар Иры сывӕллӕтты омбудсмен аскъуыддзаг кодта иунӕг мады цӕрӕнуатон проблемӕ
Уый банысан кодта, йӕ командӕ нырма йеныр кӕй ӕрӕвнӕлдта куыстмӕ. Аппараты бюджет дӕр нырма фидар не рцыд, уымӕ гӕсгӕ пайда кӕнынц хӕрзаудӕн фонд "Ашан"-ы фӕрӕзтӕй, кӕцыйы сӕргъ лӕууы Джинджолия ӕмӕ кӕцы ныр дӕс азы дӕргъы ӕххуыс кӕны уӕззау рынчын сывӕллӕттӕн.
Цхуырбаты Татьяна ныфс бавӕрдта йӕ коллегӕйӕн, цӕттӕ кӕй у йӕ фӕлтӕрддзинад адих кӕнынмӕ. Уый ма радзырда, цы куыст цӕуы Хуссар Ирыстоны сывӕллӕтты бартӕ хъахъхъӕныны фӕдыл.
"Бирӕ цыдӕртӕ ӕвиппайды нӕ рауайынц, фӕлӕ размӕ куы цӕуӕм, уӕд фӕстиуджытӕ дӕр уыдзысты", - загъта уый.
Омбудсмен банысан кодта, республикӕйы фылдӕрӕй фылдӕр кӕй кӕнынц рынчын сывӕллӕттӕ ӕмӕ ӕххӕстбарджыны аппараты приоритет у уыдон ӕмӕ сӕ ныййарджытӕн ӕнцонвадат алфӕмблай саразын. Афтӕ ма, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, куыст цӕуы закӕттыл дӕр, кӕцыты сӕйраг нысан у сывӕллӕтты хъахъхъӕнын.
Цхуырбаты Татьяна ма радзырдта ӕххӕстбарджыны дӕлбар уӕвӕгсывӕллӕтты совет ӕмӕ ныййарджыты советы архайды тыххӕй дӕр.
Хуссар Иры сывæллæтты омбудсмен бабæрæг кодта æххуысхъуаг бинонты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.04.2021
Хуссар Иры сывæллæтты омбудсмен бабæрæг кодта æххуысхъуаг бинонты
Ныхасы рӕстӕджы куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй Хуссар Ирыстоны дӕр ӕмӕ Абхазы дӕр сывӕллӕтты омбудсменты апараттӕ ӕмбӕлынц ӕнгӕс проблемӕтыл: сахъат сывӕллӕтты бартӕ хъахъхъӕнын, уыдон ӕхсӕнадон цардмӕ ӕрбангом кӕнын, инклюзийы зындзинӕдтӕ, коррекцион скъолатӕ ӕмӕ спортивон секцитӕ бакӕныны ӕнӕмӕнгхъӕуӕгдзинад.
"Махмӕ тагъд ӕрцӕудзӕн инструктор, кӕцы куыста паралимпиӕгтимӕ, ӕмӕ сывӕллӕттӕн фӕзындзӕн адаптацион ленк кӕныны фадат. Тагъд рӕстӕджы ӕрбайгом уыдзӕн сывӕллӕтты ипподром дӕр", - бафтыдта Цхуырбиан.
Йӕ абхазаг коллегӕ дӕр радзырдта йӕ кысты нывӕзты тыххӕй ӕмӕ банысан кодта приоритеттӕ – ӕргомӕй дзурын сывӕллӕтты, уӕлдайдӕр та сахъат сабиты бартӕ хъахъхъӕнына къабазы проблемӕтыл.
Фарсытӕ равдыстой цӕттӕдзинад ӕмгуыстадмӕ ӕмӕ иумӕйаг проекттӕ срӕвдз кӕнынмӕ сывӕллӕтты проблемӕтӕ скуъыддзаг кӕныны фӕдыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0