Хуссар Иры ӕруынаффӕ кодтой мыддарды куысты райрӕзтыл

© Sputnik / Константин Чалабов /  Ахизын медиабанкмæСельскохозяйственная ярмарка. Архивное фото
Сельскохозяйственная ярмарка. Архивное фото - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.10.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны мыддарджытӕ сӕ хӕдзарадтӕ райтынг кӕндзысты ӕмӕ фӕсарӕйнаг базартӕм хиздзысты кооперативты бындурӕвӕрды руаджы, фехъусын кодта Sputnik хъӕууон хӕдзарады министрады разамонӕг Мӕргъиты Алан.
Столицӕйы ацыд Хуссар Ирыстоны мыддарджыты фембӕлд Цӕгат Ирыстоны коллегатимӕ. Цхинвалмӕ фӕуазӕг сты Цӕгат Ирыстоны амалиуӕггӕнджыты барты фӕдыл ӕххӕстбарджын Медойты Тимур ӕмӕ кооператив "Горная пчелка" -ы хистӕр Роман Рубинец.
"Фӕстиуӕгджын фембӕлд ацыд. Къуырийы фӕстӕ ацӕудзӕн бынӕттон мыддарджыты фембӕлд. Уыдон ӕрдзурдзысты ассоциацийӕн бындур ӕрӕвӕрыныл ӕмӕ кооперативтӕ скӕныныл, цӕмӕй иумӕйагӕй архайгӕйӕ ӕнцондӕр уа фарстатӕ лыг кӕнын", - загъа министр.
Хуссар Ирыстоны ӕркӕнгӕ мыд нымад цӕуы иууыл бӕрзонддӕр гъӕд продуктыл. Уӕлдайдӕр та бӕрзонд хӕххон бынӕтты кӕй ркӕныц. Фӕстаг ӕзты рӕзы мыддарджыты нымӕц, ӕркӕнгӕ тыллӕг агуры фӕсарӕйнаг базартӕ. Арӕны сӕрты йӕ аласыны рӕстӕджы фӕзыны проблематӕ.
"Мыд ласынӕн нӕй цӕлхдуртӕ арӕны сӕртыл, ӕрмӕст хъӕуы бацӕттӕ кӕнын ӕмбӕлон документаци. Иу адӕймагӕн, продукцийы чысыл гуырахстӕн цӕттӕ кӕнын гӕххӕтытӕ у зын. Ам фӕахъаз уыдзысты кооперативтӕ, уый бӕрӕг у Цӕгат Ирыстоны фӕлтӕрддзинадӕй", - бафтыдта Мӕргъты Алан.
Министр ма бафтыдта, мыддарды райрӕзтыл министрад дӕр архайдзӕн йӕ бон куыд кӕна афтӕ.

"Республикӕйы архайы кредиттӕ дӕттыны хатырон нывӕзт, министрад архайдзӕн цӕмӕй сӕ нымӕцы уой мыддарджытӕ",- бафтыдта уый.

Хуссар Ирыстоны 2020 азы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, мыд ӕркодтой 300 тоннӕйы бӕрц. 2021 аз нӕ уыд тыллӕгджын.
Ног хабӕртты лентӕ
0