Хуссар Иры фӕкъаддӕр кодтой ӕхсӕнадон рейсты нымӕц

Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 окт - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны фӕкъаддӕр кодтой ӕхсӕнадон рейсты нымӕц эпидемиологон уавӕр кӕй февзӕрдӕр, уый тыххӕй. Автотранспорты дӕлхайады хистӕр Дудайты Альберт куыд радзырдта ПТРК "Ир" эфиры, афтӕмӕй ахӕм мадзӕлттӕ ист цӕуынц, уымӕн ӕмӕ фӕкъаддӕр ис пассажирты нымӕц.
Уый размӕ президент Бибылты Анатолий расидт 1-ӕй 7-ӕм ноябрмӕ ӕнӕкусгӕ бонтӕ. Скъуыддзаг рахастой, цӕмӕй ма руадзой коронавирусы апарахат республикӕйы территорийыл.
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2021
Хуссар Иры кӕнынц ӕнӕкусгӕ къуыри
Дудайты Альберты ныхӕстӕм гӕсгӕ, рейстӕ фӕкъаддӕр кодтой куыд республикӕйы районты, афтӕ столицӕйы дӕр.
"Горӕты мах раивтам рейстӕ БАМ ӕмӕ микрорайон "Мӕскуыйаг"-ы маршруттыл. Кӕд раздӕр ацы районты уыд фӕйнӕ дыууӕ автобусы, ӕмӕ цыдысты алкӕцы ӕрдӕг сахат, уӕд карантины рӕстӕджы уыдон цӕудзысты алкӕцы сахат", - загъта Дудайты Альберт.
Афтӕ ма автотранспорты дӕлхайад фӕкъаддӕр кодта рейстӕ Цхинвал-Дзау ӕмӕ Сатихъар-Дменис-Хелцуа маршруттӕм.
Дудайты Альберт бафтыдта, зӕгъгӕ, алкӕцы рейсы размӕ дӕр автобустӕ сдезинфекци кӕнынц. Афтӕ ма ӕхсӕнадон транспорты адӕм ӕнӕмӕнг хъуамӕ уой маскӕты.
Хуссар Ирыстоны ӕхсӕнадон транспорт азӕй фылдӕр кусы коронавирусы профилактикӕйы мадзӕлттӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ – автобустӕ ӕмӕ маршруткӕты уагъд цӕуы дезинфекци, шофыртӕ дарынц маскӕтӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0