Районы фидыц: Дзауы поселочы бакодтой спортзал

© Sputnik / Natalia AiriyanДзауы поселочы бакодтой спортзал
Дзауы поселочы бакодтой спортзал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.10.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 окт – Sputnik, Элина Габараева. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы скъола-интернаты территорийыл майрӕмбоны бакодтой спортивон зал. Церемонимӕ ӕрбацыдысты цытджын уазджытӕ – республикӕйы хицауады уӕнгтӕ президент Бибылты Анатолийы сӕргълӕудӕй.
© Sputnik / Natalia AiriyanДзауы поселочы бакодтой спортзал
Открытие спортзала в поселке Дзау - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.10.2021
Дзауы поселочы бакодтой спортзал
Ног спортзалы сырӕзт ссис ӕцӕг бӕрӕгбон канд скъолайы ахуырдзаутӕн нӕ, фӕлӕ районы ӕппӕт цӕрджытӕн дӕр, банысан кодта администрацийы сӕргълӕууӕг Джиоты Андрей. Уый бахахх кодта, ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм ӕзтӕй фӕстӕмӕ районы кӕй нӕ уыд иу ӕмбӕлон спортивон зал дӕр, уымӕ гӕсгӕ физикон цӕттӕдзинады уроктӕ цыдысты кълӕсты.
Районы сӕргълӕууӕг ма уӕлдай стыр бузныг загъта Вадим Шадяны номыл, кӕцы бӕллыд саразын ахӕм объект районӕн.
© Sputnik / Natalia AiriyanДзауы поселочы бакодтой спортзал
Открытие спортзала в поселке Дзау - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.10.2021
Дзауы поселочы бакодтой спортзал
Вадим Шадян уыд Ӕхсӕнадӕмон хыгъдон банчы сӕргълӕууӕг. Уый йӕ цардӕй ахицӕн ацы аз августы коронавирусы аххосӕй. Шадян активонӕй кодта хӕрзаудӕн архайд, ӕххуыс кодта сидзӕр сывӕллӕттӕн. Йӕ ӕппынӕдзухон хъусдарды бын уыд Дзауы скъола-интернат, уый баххуыс кодта бӕстыхай зынгсирвӕзты фӕстӕ сӕндидзын кӕнынӕн дӕр.
Ӕхсӕнадӕмон хыгъдон банчы директорты советы сӕргълӕууӕг Цгъойты Олег банысан кодта, ног бӕстыхайы фадат кӕй уыдзӕн ӕрмӕст физикон культурӕйы уроктӕ нӕ, фӕлӕ ма спортивон ерыстӕ уадзынӕн дӕр.
"Ацы спортзалы арӕзтад цыд ӕрмӕстдӕр ӕртӕ ӕмӕ ӕрдӕг мӕйы дӕргъы. Вадим Шадян ацы арӕзтады бавӕрдта йӕ уды иу хай", - загъта уый.
Президент Бибылты Анатолий банысан кодта, зӕгъгӕ, кӕд ног спортзалы бакӕнд цины хабар у, уӕддӕр йӕ арӕзтады инициаторы ӕнӕрӕстӕджы мӕлӕт ӕрхӕндӕг кӕны ацы ӕхсызгон хабар.
"Вадим Александры фырт канд ацы спортзал ӕмӕ интернаты дыккаг уӕладзыджы арӕзтады нӕ райста хайад. Уый у нӕ историйы хай. Уый уыд тынг зондджын, ахуыргонд адӕймаг, чи йӕ зыдта, уыдон ӕй иууылдӕр тынг уарзтой. Уый бахъуыды рӕстӕджы райста хӕцӕнгарз ӕмӕ хъахъхъӕдта райгуырӕн бӕстӕ", - загъта президент.
© Sputnik / Natalia AiriyanДзауы поселочы бакодтой спортзал
Открытие спортзала в поселке Дзау - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.10.2021
Дзауы поселочы бакодтой спортзал
Бибылты Анатолий бафтыдта, сӕрбӕрзонд кӕй у объекттӕй, кӕцытӕ ссисты райцентры фидыц ӕмӕ бахахх кодта, Дзау кӕддӕридӕр нымад кӕй уыд республикӕйы размӕцыддӕр районтӕй иу.
Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг радта интернаты директорӕн сертификат футболон экипировкӕйы 20 къайы самал кӕнынӕн.
Уый ма банхъардта сортивон объекттӕн раттын йӕ раӕзтады инициаторы ном ӕмӕ уымӕй сӕнусон кӕнын Вадим Шадяны ном.
© Sputnik / Natalia AiriyanДзауы поселочы бакодтой спортзал
Открытие спортзала в поселке Дзау - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.10.2021
Дзауы поселочы бакодтой спортзал
Ног хабӕртты лентӕ
0