Хуссар Иры уӕзисӕг ссис Уӕрӕсейы фыццагады призер

© Из архива Артура ПлиеваХуссар Иры уӕзисӕг ссис Уӕрӕсейы фыццагады призер
Хуссар Иры уӕзисӕг ссис Уӕрӕсейы фыццагады призер - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 ноя - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны архайгӕ ӕнтыстджын уӕзисӕг Джиоты Александр ссис Уӕрӕсейы фыццагады призер, фехъусын кодта Sputnik йӕ тренер Плиты Артур.
Ерыстӕ цыдысты Цӕцӕны 1-10 ноябрьмӕ.
"Джиоты Александр ӕмткӕй систа 301, уыдонӕй "рывокӕй" 135, "толчокӕй" - 166. Уый хыгъды ссис бронзӕйон призер. Уый у иттӕг хорз бӕрӕггӕнӕн мӕ хъомылгӕнинагӕн. Уымӕй хуыздӕр хатдзӕг чи равдыста, уыдон дӕр бирӕ хуыздӕр нӕ архайдтой", - загъта Плиты Артур.
Тренер ма бафтыдта, президенты финансон ӕххуысы фӕрцы рацыдысты цӕттӕгӕнӕн ахуыртӕ Уӕрӕсейы.
© Из архива Артура ПлиеваХуссар Иры уӕзисӕг ссис Уӕрӕсейы фыццагады призер
Спортсмен из Южной Осетии стал призером первенства России по тяжелой атлетике - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.11.2021
Хуссар Иры уӕзисӕг ссис Уӕрӕсейы фыццагады призер
"Таганрогы уыдыстӕм рӕвдзыты, уый фӕрцы хуыздӕр уыд Джиоты Александры ралӕуд ерысты. Президент Бибылты Анатолийӕ дарддӕр нӕм сӕ хъус дарынц фӕсивӕдон политикӕйы комитет", - бафтыдта тренер.
Джиоты Александр цӕттӕ кӕны Цхинвалы Плиты Артуры къухдариуӕгадӕй, Уӕрӕсейы та йӕ цӕттӕ кӕны Наниты Алан.
Ног хабӕртты лентӕ
0