УФ Кремль ӕмӕ ФХМ комментаритӕ сарӕзтой НАТО активондзинадӕн Сау денджызы

© Twitter / U.S. Naval Forces Europe-Africa/U.S. Sixth FleetНАТО наутӕ Сау денджызы
НАТО наутӕ Сау денджызы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 ноя - Sputnik. Уавӕр, кӕцы баст у АИШ ӕмӕ Нато архӕйдтимӕ Сау денджызы, Уӕрӕсейы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры хӕдивӕг Сергей Рябков схуыдта зынгимӕ хъазт, хъусын кӕны РИА Новости.
Уый бахахх кодта, Уӕрӕсейы катайы кӕй ӕфтауы уавӕр Сау денджызы АИШ ӕмӕ НАТО ӕнӕрлӕугӕ провокациты тыххӕй.
"Цы аразынц Сау денджызы америкӕйаг наутӕ сӕбазӕйон пункттӕй бирӕ арфдӕр? Никӕцы ӕмбарынгӕнӕнтӕ, зӕгъгӕ, сӕ нысан у наудзыды сӕрибардзинад, нӕ кусынц. Уыдӕттӕ иууылдӕр сты зынгимӕ хъазт, радон хатт та нын сгарынц нӕ фӕразондзинад", - загъта Рябков.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынад у ӕууӕнккаг, Мӕскуы иттӕг хорз уыны ацы провокациты нысан ӕмӕ сын цӕттӕ у ныхмӕ фӕлӕууынмӕ.
Рябков ма банысан кодта, зӕгъгӕ, уыцы фарсӕрдыгӕй коллегӕты нӕ фӕнды сӕвзӕргӕ уавӕр ӕрнывыл кӕнын ӕмӕ дарддӕ кӕнынц уымӕ, цӕмӕй ныхмӕлӕуды рисктӕ фӕфылдӕр уой.
Уымӕй размӕ Дмитрий Песков дӕр, Уӕрӕсейы президент Владимир Путины пресс-секретарь, фехъусын кодта, уӕрӕсейаг лидеры сагъӕсы кӕй ӕфтауынц АИШ ӕмӕ НАТО архӕйдтытӕ Сау денджызы. Уавӕр ис Кремлы ӕппынӕдзух хъусдарды бын.
УФ Хъахъхъӕнынады министрад дӕр ацы фоныл радон хатт ралӕууыд хъусинагимӕ АИШ ӕмӕ се ‘мцӕдисонтӕ НАТО-йӕ кӕй фӕтыхджындӕр кодтой сӕ активондзинад Сау денджызы.
Банысангонд ӕрцыд, фыццаг рады кӕй фӕинтенсивондӕр кодтой сӕ архайд ӕфсӕддон-денджызон тыхтӕ, уӕлдӕфон ӕмӕ денджызон разысгӕрсты фӕрӕзтӕ, атфӕ ма стратегион авиации дӕр.
Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ контроль кӕнынц АИШ науты архӕйдтытӕ Сау денджызы. АИШ пайда кӕнынц ӕнӕнывӕзтон архӕйдтытӕй, цӕмӕ Уӕрмсейы арӕнтӕм ӕввахс саразой сӕ гарзджын тыхты группировкӕтӕ. АИШ нысӕнттӕй иу Сау денджызы у, цӕмӕй ӕфсӕддон хуызы сӕхимӕ ӕрбалвасой Украинӕйы. АИШ ахуыр кӕнынц уавӕр, цӕмӕй кӕд Донбассы конфликт тыхон хуызмӕ, уӕд дарддӕр сӕ архӕйдтытӕ снывӕндыны нысанӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0