https://sputnik-ossetia.com/20211117/khodzaty-akhsar-avzongay-fastama-nymad-uyd-gayt-mardza-poetyl---fyssag-14726135.html
Хъодзаты Ӕхсар ӕвзонгӕй фӕстӕмӕ нымад уыд гъӕйт-мардзӕ поэтыл - фыссӕг
Хъодзаты Ӕхсар ӕвзонгӕй фӕстӕмӕ нымад уыд гъӕйт-мардзӕ поэтыл - фыссӕг
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 17 ноя – Sputnik, Гуыцмӕзты Инна. Хъодзаты Ӕхсар хӕрз ӕвзонгӕй райдыдта фыссын ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ нымад уыд гъӕйт-мардзӕ поэтыл, радзырдта... 17.11.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-11-17T16:11+0300
2021-11-17T16:11+0300
2021-11-17T16:11+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0b/11/14728861_0:216:1898:1283_1920x0_80_0_0_8ed7bfde49a1fce131b3a2853f05aa96.jpg
ЦХИНВАЛ, 17 ноя – Sputnik, Гуыцмӕзты Инна. Хъодзаты Ӕхсар хӕрз ӕвзонгӕй райдыдта фыссын ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ нымад уыд гъӕйт-мардзӕ поэтыл, радзырдта Sputnik Ирыстоны фысджыты цӕдисы ӕмсӕрдар, Ӕхсары хӕлар Хъазиты Мелитон.Ноябры 13 бон йӕ цардӕй ахицӕн Цӕгат Ирыстоны Адӕмон поэт, публицист, тӕлмацгӕнӕг Хъодзаты Ӕхсар.Хъазиты Мелитон банысан кодта, Хъодзаты Ӕхсары ацыд тынг кӕй бандавдзӕн ирон литературӕ ӕмӕ поэзийыл.Уый, бахахх кодта, зӕгъгӕ, ныртӕккӕ Ӕхсары хуызӕн поэттӕ кӕй нӕй, ӕмӕ бафиппайдта, уымӕн йӕ хайбавӕрд ирон литературӕмӕ егъау кӕй."Ирон ӕвзаг чи зоны нӕ фӕмӕгуырдӕр уа, фӕлӕ ирон поэзи кӕй фӕмӕгуырдӕр уыдзӕн, ууыл дзырд дӕр нӕй, уымӕн ӕмӕ ныртӕккӕ ӕз Ӕхсары хуызӕн поэт никӕй зонын дыккаг. Кӕрӕдзийыл барӕн сын нӕй, алкӕй сфӕлдыстадӕн дӕр йӕхи нысаниуӕг вӕййы. Фӕлӕ Ӕхсары поэзи ӕмӕ сфӕлдыстадӕн уыд стыр нысаниуӕг ирон литературӕйы", - бафтыдта фысджыты цӕдисы ӕмсӕрдар.Хъодзаты Ӕхсар бирӕ ӕзты уыд журнал "Мах дуг"-ы сӕйраг редактор, цы ран стыр хъусдард здӕхта историйы фарстытӕм, этнографи, ӕвзаг ӕмӕ ирон адӕмы культурӕмӕ.
https://sputnik-ossetia.com/20211116/khazity-meliton-iron-poezi-famaguyrdar-khodzaty-akhsary-atsydy-fasta-14714118.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0b/11/14728861_0:0:1812:1359_1920x0_80_0_0_80905cc174751196817d43a30e50e557.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
ЦХИНВАЛ, 17 ноя – Sputnik, Гуыцмӕзты Инна. Хъодзаты Ӕхсар хӕрз ӕвзонгӕй райдыдта фыссын ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ нымад уыд гъӕйт-мардзӕ поэтыл, радзырдта Sputnik Ирыстоны фысджыты цӕдисы ӕмсӕрдар, Ӕхсары хӕлар Хъазиты Мелитон.
Ноябры 13 бон йӕ цардӕй ахицӕн Цӕгат Ирыстоны Адӕмон поэт, публицист, тӕлмацгӕнӕг Хъодзаты Ӕхсар.
Хъазиты Мелитон банысан кодта, Хъодзаты Ӕхсары ацыд тынг кӕй бандавдзӕн ирон литературӕ ӕмӕ поэзийыл.
"Ӕхсары поэзи барстой Вознесенский ӕмӕ Олжас Сулейменовы поэзиимӕ, фӕлӕ уымӕ дӕр бирӕтӕ хӕлӕг кодтой. Гӕдиаты Секъа раст загъта, "Ӕз" кӕнын, дам, у сыгъдӕг ирон низ, ӕмӕ нӕ алкӕй дӕр фӕфӕнды "Ӕз дӕн" схъӕр кӕнын. Мӕнмӕ та афтӕ каст, ӕмӕ Ӕхсары тӕлмӕцтӕ нӕ, фӕлӕ йӕ ирон поэзи уыдон уацмыстӕй дӕлдӕр нӕ лӕууыд, ӕмӕ афтӕ дӕр у. Стыр поэт уыд, ӕмӕ йӕ хъуамӕ не ‘ппӕт дӕр зониккам", - загъта Хъазиты Мелитон.
Уый, бахахх кодта, зӕгъгӕ, ныртӕккӕ Ӕхсары хуызӕн поэттӕ кӕй нӕй, ӕмӕ бафиппайдта, уымӕн йӕ хайбавӕрд ирон литературӕмӕ егъау кӕй.
"Ирон ӕвзаг чи зоны нӕ фӕмӕгуырдӕр уа, фӕлӕ ирон поэзи кӕй фӕмӕгуырдӕр уыдзӕн, ууыл дзырд дӕр нӕй, уымӕн ӕмӕ ныртӕккӕ ӕз Ӕхсары хуызӕн поэт никӕй зонын дыккаг. Кӕрӕдзийыл барӕн сын нӕй, алкӕй сфӕлдыстадӕн дӕр йӕхи нысаниуӕг вӕййы. Фӕлӕ Ӕхсары поэзи ӕмӕ сфӕлдыстадӕн уыд стыр нысаниуӕг ирон литературӕйы", - бафтыдта фысджыты цӕдисы ӕмсӕрдар.
Хъодзаты Ӕхсар бирӕ ӕзты уыд журнал "Мах дуг"-ы сӕйраг редактор, цы ран стыр хъусдард здӕхта историйы фарстытӕм, этнографи, ӕвзаг ӕмӕ ирон адӕмы культурӕмӕ.