Дзауы районы хъӕутӕй иумӕ аразынц асфальт фӕндаг

© Sputnik / Алексей КовалевФӕндагарӕзтад
Фӕндагарӕзтад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Бузалайы хъӕумӕ фӕндаг азы кӕронмӕ ӕрцӕудзӕн асфальт. Арӕзтад цӕуы Инвестицион нывӕзты фӕлгӕтты, фехъусын кодта Sputnik арӕзтадон ӕрмӕджыты заводы инженер Джыгкайты Нарт.
Хуссар Ирыстоны фӕстаг ӕзты активонӕй цӕуы фӕндагарӕзтад, фӕлӕ асфальты онг хъуыддаг стӕм хатт бацӕуы.
"Ӕдӕппӕтӕй арӕзт цӕуӕг фӕндаджы дӕргъ у 3,3 километры. Ныры онг нын бантыст дыууӕ километрӕй фылдӕр бамбӕрзын асфальтӕй, аннӕ куыстытӕ дӕр ӕххӕст фӕуыдзысты азы кӕронмӕ", - загъта уый.
Бузалайы хъӕу ис Дзауы центрӕй Леуахийы фаллаг фарс. Дзӕвгар цӕрджытӕй дарддӕр ма ацы хъӕуы ис егъау ӕфсӕддон базӕ дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0