Хуссар Иры иууыл ӕнтыстджындӕр боксер стох кӕндзӕн Уӕрӕсейы Кубокы

© Пресс-служба комитета по молодежной политике и спорту РЮОХуссар Иры иууыл ӕнтыстджындӕр боксер стох кӕндзӕн Уӕрӕсейы Кубокы
Хуссар Иры иууыл ӕнтыстджындӕр боксер стох кӕндзӕн Уӕрӕсейы Кубокы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны фӕсивӕды хсӕн иууыл ӕнтыстджындӕр боксер Гӕджиты Гурам стох кӕндзӕн Уӕрӕсейы Кубокы, фехъусын кодта Sputnik йӕ тренер Дзигойты Ацӕмӕз.
Фӕстаг ӕзты Гӕджиты Гурам ссис фыццаг архайӕг Хуссар Ирыстонӕй Европӕйаг ерысты. Уый ӕрӕздӕхт бронзӕйон призерӕй. Уымӕй дарддӕр у 2021 азы Уӕрӕсейы уӕлахиздзау.

"Хорз цӕттӕ стӕм ерыстӕм. Хуссар Ирыстонӕй ерысты тох кӕны ӕрмӕст Гӕджиты Гурам. Хъуамӕ аккагӕй хъахъхъӕна Ирыстоны спортивон кад", - загъта тренер.

Ерыстӕ цӕудзысты Санкт-Петербурджы 21-28 ноябрьмӕ. Гурам архайдзӕн кӕстӕр фӕсивӕды хсӕн(15-16аз).
Ног хабӕртты лентӕ
0