Хуссар Иры медицинон хыгъдӕй систой 100 адӕймаджы, кӕцытӕ сӕнӕниз сты коронавирусӕй

© Sputnik / Natalia AiriyanКоронавирус
Коронавирус
 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 ноя — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой 37 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодтой Sputnik Югосетпотребнадзоры.
"Нӕ лабораторийы цыппӕрӕмы ауагътой 192 тесты, уыдонӕй ӕвӕрццаг хатдзӕг равдыстой ӕрмӕст 37. Медицинон хыгъдӕй систой 100 адӕймаджы. Медикты хъусдарды бын сты 1807 адӕймаджы", - загътой уагдоны
Пандемийы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ Хуссар Ирыстоны COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты иумӕйаг нымӕц у 7844.
Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы ӕдӕппӕт пандемийы рæстæджы сарӕзтой 51 059 иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, вирусӕй фӕрынчын сты 9651 адӕймаджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0